ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент æлхынцъон фарсты сратификаци кодта Уæрæсеимæ арæны тыххæй бадзырд.
Документ бафыст æрцыд Мæскуыйы 2015 азы 18 февралы.
"Бадзырд у бындурон документ, кæцы бæлвырд кæны хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæныл цыд. Законмæ æмхасæн кæнынц æнæмæнгхъæуæг документтæ", — загъта сессийы æддагполитикон æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты уæнг Плиты Александр, кæцы рахаста законыпроект уынаффæмæ.
Бадзырды сæйраг нысан у, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон бæрæггæнæн раттын.
Бадзырдимæ ма ис картæ дæр, у йæ æнæфæцудгæ хай.
2012 азы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Уæрæсеимæ демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамис, кæцыйы куысты Хуссар Ирыстоны æрдыгæй хайад райстой президенты администраци, парламент, Æдасдзинады комитет, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, Юстицийы министрад, Дзауы районы æмæ горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæуджытæ æмæ цалдæр æндæр ведомствӕйы.