ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Федерацийы совет æртыццæджы сратификаци кодта РХИ-имæ бадзырд æфсæддон службæгæнджытæн медицинон æххуыс бакæныны фæдыл.
Бадзырд бафыст æрцыд 2014 азы 29 декабры.
Рабадты ма ратификаци æрцыд аналогон бадзырд Абхазимæ.
Бадзырды нысан у нормативон-барадон базæйы сырæзт уæрæсейаг, абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонтæн медицинон æххуыс бакæныны фæдыл Хуссар Ир, Абхаз æмæ УФ хъахъхъæнынады министрæдты медицинон уагдæтты.
Документтæ бæлвырд кæнынц уæрæсейаг, абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæн медицинон æххуыс бакæныны уагæвæрд, бадзырдты реализаци фæахъаз уыдзæн сæ социалон хъахъхъæнынад фæбæрзонддæр кæнынӕн.