Президенты æххæстбарджын æмæ Сырх Дзуары минæвар æрдзырдтой æбæрæгæй фесæфæгты бацагуырдыл

© Sputnik / Ирина Геращенко /  Ахизын медиабанкмæСырх Дзуар
Сырх Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембæлды хайадисджытæ сразы сты, кæй хъæуы сæндидзын кæнын æртæвæрсыг механизмы куыст. Йæ архайды фæстиуæг ссис хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт сбæлвырд кæнын, кæцы фесæфт 2008 азы августы.

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты миссийы сæргълæууæг Нальян Антмен æрдзырдтой æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты бацагурыны æмæ сæ хъысмæт сбæрæг кæныны фарстытыл, фехъусын кодтой æртыццæджы æххæстбарджын минæвары аппараты.

"Ныхасы рæстæджы дзырд цыд, 1991-1992 æмæ 2008 азты гуырдзыстойнаг агрессийы рæстæджы æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон бацагуырд æмæ хъысмæт сбæрæг кæныны фарстытыл. Фембæлды банысан æрцыд Сырх Дзуары эгидæйы бын æртæвæрсыг координацион советы ахадындзинад", — банысан кодтой аппараты.

Фембæлды хайадисджытæ сразы сты, кæй хъæуы сæндидзын кæнын æртæвæрсыг механизмы архайд.

Цхинвал, Хъайтарты уынг, август 2008 азы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рабæрæг 2008 азы æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт

Фембæлды ма дзырд цыд къорд æндæр фарстытыл дæр, уыдон нымæцы Гуырдзыстон æмæ РХИ-мæ æмхиц районты гуманитарон уавæр.

Æбæрæгæй фесæфæг адæмы бацагуырды фæдыл æртæвæрсыг координацион совет сырæзт Женевæйы 2010 азы СДÆК-ы эгидæйы бын. Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Сырх Дзуары минæвæрттæ.

Æбæрæгæй фесæфæг адæмы агурыны æртæвæрсыг координацион механизм хæссы æрмæстдæр гуманитарон нысаниуæг. Женеваг дискусситы æмрæнхъ уый у ахæм фæзуат, цыран уынаффæ кæнынц, 90-æм азты райдайæнæй 2008 азы августы агрессийы онг æбæрæгæй цы адæм фесæфт, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0