Рӕдыд сау гӕххӕтт

© Sputnik / Руслан ТадтаевВетеран Кокойты Григорий
Ветеран Кокойты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый тохы быдырмӕ афӕндараст 19-аздзыдӕй, йӕ бинонтӕн ницы загъта, афтӕмӕй. Фӕстӕдӕр йӕ райгуырӕн хъӕумӕ ӕрыхъуыст ӕвирхъау хабар, фӕлӕ Григорий ӕцӕгӕй нӕ амард. Санитартӕ рӕдыдӕй нывӕрдтой лӕппуйы мӕрдтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 3 май- Sputnik, Хъотайты Мария. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран Кокойты Григорий йӕ фатеры къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ нал хизы. Срӕмудзӕн ӕрмӕджы схъис астӕуы афтӕ арф бацыд ӕмӕ йӕ дард 1942 азы ӕфсӕддон рынчындоны дохтырӕн сисын нӕ бантыст. Уӕдӕй нырмӕ згъӕр "цӕры" йӕ хуылфы. Цӕстӕй дӕр нал уыны, уымӕ гӕсгӕ йын кӕртмӕ рахизын дӕр фӕзын ис. Григорий тохы быдырмӕ афӕндараст ис 19-аздзыдӕй, йӕ бинонтӕн ницы загъта, афтӕмӕй. Знауыры районы Цънелисы хъӕуккаг ӕрыгон лӕппу Сталинграды хӕсты тӕмӕны бахауд.

1941 азы 24 октябры ног ӕрсиддонты эшелоны сконды Кокойты Григорийы арвыстой Сталинградмӕ. Уый уыд уӕлдӕфон гвардион бригадӕйы фӕндзӕм хайы. Ӕхсӕвӕй-бонӕй нӕ лӕууыд тугкалӕн хӕст, ӕппынӕдзух калдтой бомбӕтӕ хӕдтӕхджытӕй.

"Мах уыдыстӕм цӕугӕдон Волгӕйы рахиз былыл. Цагъды кодтой немцӕгтӕ ӕмӕ мах ӕфсӕддонтӕ дӕр. Хъахъхъӕдтам тракторуадзӕн завод Сталинграды, кӕцымӕ хъавыдысты нацисттӕ. Размӕ бырсынӕн уыд тӕссаг — немцӕгтӕ уыдысты тынг ӕввахс. Зӕгъӕм, Сырх ӕфсад Цхинвалы "Массивы" куы уаид ӕмӕ немыцӕгтӕ та "Дыргуисы". Мӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ куы цагъды кодтой мӕ фарсмӕ, уӕд-иу мӕ сӕры фӕкуысси ис ахӕм хъуыды — йӕ фӕстӕ та ӕз уыдзӕн", — мысы йӕ хӕстон хабӕрттӕ ветеран.

Ног ӕрсиддонтӕ-иу, ветераны ныхӕстӕм гӕсгӕ, хатгай иу суткӕ дӕр нӕ баззадысты, афтӕмӕй-иу фӕмард сты.

"Ӕдзух нӕм кодтой ног ӕфсӕддонты, уымӕн ӕмӕ Сталинграды сӕрвӕлтау тохы мард бирӕ хӕстонтӕ", — дзуры уый.

1942 азы радон тохты Григорий Николайы фырт райста дывӕр цӕфтӕ — йӕ астӕуы ӕмӕ йӕ хуылфы.

Спутник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстоны хъайтарты тыххæй

"Мӕ астӕуы рыстӕй мӕхи нал ӕмбӕрстон. Ницыуал хъуыды кӕнын, куыд мӕ систой ӕмӕ мӕ мӕрдтимӕ куыд нывӕрдтой. Ӕвӕццӕгӕн ма мӕ хъӕрзын хъуыст ӕмӕ мӕ кӕцыдӕр ӕфсӕддон федта. Стӕй мӕ иннӕ фӕцӕфуӕвджытимӕ раластой Бакуйы рынчындонмӕ, уым ӕрцыдтӕн мӕхимӕ. Срӕмудзӕн ӕрмӕджы схъис астӕуы афтӕ арф бацыд ӕмӕ йын сисын нал бантыст ӕмӕ мӕ ныр хъыгдары цӕуынӕн", — мӕсты кӕны кардзыд лӕг.

Хӕсты рӕстӕджы Григорийы хъӕумӕ ӕрцыд сау гӕххӕт фронтӕй. Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг ӕрыздӕхт уӕззау цӕфтӕй, фӕлӕ удыгасӕй. Бинонты цинӕн кӕрон нал уыд.

"Ӕз ӕрцыдтӕн хӕдзармӕ марты 1943 азы. Мӕ бинонтӕн (уӕдмӕ мыл уыдон бирӕ цӕстысыгтӕ фӕкалдтой) уыдтӕн ноггуырды хуызӕн. 1945 азмӕ мӕ бон кусын дӕр нӕ уыд мӕ цӕфты тыххӕй, фӕлӕ стӕй бацыдтӕн бухгалтерӕй Знауыры колхозмӕ", — дзуры Григорий.

Кокойты Григорий йӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинады тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд бирӕнымӕц майдантӕ ӕмӕ ордентӕй.
Уый фылдӕр буц у йӕ фыццаг къӕпхӕны Фыдыбӕстӕйон хӕсты орденӕй ӕмӕ Кады Одренӕй "Серебряный крест".

Ныртӕккӕ Григорий зынтӕй ӕххӕссы хӕдзарон куыстытыл. Йе ‘мкъай куы фӕзиан, уый фӕстӕ йӕ арӕх абӕрӕг кӕны йӕ чызг. Фӕлӕ ветеран цы хӕдзары цӕры, уым нӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг цардуагон уавӕртӕ.

Зӕронд лӕг дон хӕссы ведрӕты, уый райсомӕй хъуамӕ бакӕна йӕ митӕ, цалындмӕ дон не ‘рлӕууыд. Йӕ хатӕны астӕу лӕууы пец, кӕцымӕ баиу кодта газ. Цалдӕр азы размӕ Григорийӕн бантыст йӕ пенсийы ӕхцатӕй раивын зӕронд рудзгуытӕ.

Григорийӕн ис лӕмӕгъ ӕнӕниздзинад ӕмӕ йӕ бон нӕу рацӕуын Стыр Уӕлахизы цытӕн парадмӕ, фӕлӕ хӕсты алы бон дӕр уый хъуыды кӕны ӕмӕ алы датӕ дӕр дары йӕ зӕрдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0