Цирк Цхинвалы. Ӕууӕндӕм афишӕтыл ӕви нӕ?

© Sputnik / Наталья БосиковаЦирк Цхинвалы
Цирк Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Залы æрæмбырдуæвæг сывæллæттæ æмæ хистæртæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, афишæтыл цы номыртæ рекламæ кодтой, уыдонмæ, фæлæ фыдæнхъæл фесты.

ЦХИНВАЛ, 4 мая — Sputnik, Босыкты Наталья. Краснодары крайы æппæтуæрæсейаг цирк "Европа"-йы артисттæ фыццаг хатт сæ арæхстдзинад æвдыстой Цхинвалы ПККЗ "Чермен"-ы сценæйыл дыццæджы.

Равдыст хъуамæ райдыдтаид 12.00, фæлæ техникон аххосæгтæм гæсгæ артисттæм æнхъæлмæ кастыты сахаты бæрц.

Залы æрæмбырдуæвæг сывæллæттæ æмæ хистæртæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, афишæтыл цы номыртæ рекламæ кодтой (билеты аргъ уыд 400 сомы — Цхинвалы барæнтæм гæсгæ чысыл æхца нæу), уыдонмæ, фæлæ фыдæнхъæл фесты.

Ихыл цирк "Северное сияние" Цхинвалы фендзӕн ӕртӕ мин сабийӕ фылдӕр

Равдыст райдыдта акробаты ралæудæй, кæцы сценæмæкæсджыты размæ рахаста эквилибристон номыр "Колесо времени". Æрыгон кæсджытæ гимнасты арæхстдзинадæй баззадысты тынг райгондæй. Фæлæ æнæ клоунæй цы цирк вæййы? Экстремалон номыры фæстæй сывæллæтты ирхæвста клоунты дуэт "Джайв". Артисттæ сывæллæтты кодтой залæй сцæнæмæ, номырты хайад райсыны тыххæй.

Сывæллæттæ ма цин кодтой, иллюзионист сын цы фокустæ равдыста, уыдоныл æмæ тутитимæ номыртыл.

Шоу-прогаммæйы ма хайад истой куыйтæ дæр, кæцытæ æвзæр хъуыстой артисттæм æмæ маймулитæ, кæцытæ афишæтæм гæсгæ, хъуамæ рацыдаиккой æртæцæлхон велосипедыл. Уый бæсты сценæмæкæсджытæн равдыстой номыр, цыран маймулитæ цыдысты раззаг къæхтыл, иу та дзы ратезгъо кодта сценæйыл самокатыл.

Циркы артисттæ расидтысты лотерея. Æртæ сывæллонæн радтой адджын призтæ, цыппæрæм та рамбылдта супер-приз — мобилон телефон.

Кæсджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм равдысттæ Цхинвалы арæх уагъд цæуынц, æмæ алыхаттдæр кæсæг бавзары сайды æнкъарæнтæ.

"Абоны равдыстæй стыр ныфс æвæрдтон. Фæнды нæ фенын æцæг рæсугъд шоу, кæцы уыдзæн, афишæтыл цы къамтæ æвдыст вæййы, ахæм æмæ билеты аргъæн æмбæлон", — дзуры кæсджытæй иу.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлтты организатортæ фӕсайынц цæрджыты, кæцытæ "ацæуынц" афишæйы къамты фæдыл, уыдонӕн та сæ фылдæр программæйы нæ разынынц.

"Циркы фæстæ мæхицæн зæгъын, иннæ хатт кæй нал акæндзæн сывæллоны циркмæ, уымæн æмæ алыхаттдæр фыдæнхъæл фæвæййын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдоны æрхонæг организатортæ хъуамæ сæ хъус дарой, цæмæй цирк æххæст кæной йæ дзырдлæвæрд", — банысан кодта уый.

Цирк Цхинвалы аззайдзæн фæндзæм маймæ, фылдæр кæны билеттæ æлхæнджыты нымæц. Æвæццæгæн уымæн бацамонæн ис кæсджытæй иуы ныхæстæй: "Æгайтма нæм исчи цæуы, науæд нæ сывæллæттæ бынтондæр ницы уыныц".

Ног хабӕртты лентӕ
0