Бибылты Анатолий: "Иугонд Ирыстон" уадзы ахӕм политикæ, кæцыимæ сразы сты адæм

© Sputnik / сайт Совфед РФРХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий
РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты фылдæр хайы парти нæ къуылымпы кæны æндæр партиты куыст, фæлæ дыууæ азы мидæг уыдонæй ницы хъæппæристæ уыд, банысан кодта спикер.

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" уадзы парламентон æвзæрстыты агъоммæ республикæйы адæмæн цы политикæйӕ ныфс бавæрдта, уый, фехъусын кодта Sputnik спикер Бибылты Анатолий, парламенты къаддæр хайы партитæ иугонд блок кæй сарæзтой, уый фæдыл комментаритæ аразгæйæ.

Парламентон партитæ "Ныхас", "Адæмы иудзинад" æмæ "Адæмон парти" æртыццæджы фехъусын кодтой, кæй аразынц иумæйаг политикон блок, уымæй "Иугонд Ирыстоны" политикæимæ се ‘нæразыдзинад равдисгæйæ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æртæ парламентон парти Хуссар Ирыстоны баиу сты иугонд блокы

"Хуссар Иры адæм равдыстой се ‘ууæнк "Иугонд Ирыстон"-ы политикон хаххæн, уыцы æууæнчы фæрцы махæн ис фылдæр хай парламенты, мах æнæфæцудгæйæ лæууæм уыцы хаххыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда кæнæм нæ фылдæр нымæцæй. "Ныхас", "Адæмы иудзинад" æмæ "Адæмон парти"-йы претензитæ сты чысыл партиты комплекстæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, фыццаг бонæй фæстæмæ партитæ "Ныхас", "Адæмы иудзинад" æмæ "Адæмон парти" фылдæр фарстыты фæдыл кӕй уыд æнгæс цæстæнгас æмæ лæууыдысты кæрæдзи фарс фарстытæ лыг кæныны хъуыддаджы.

"Не ‘мбарын, дыууæ азы куысты фæстæ уыдон цæмæн иу кæнынц официалон æгъдауæй, кæд æмæ æнæуый дæр архайынц иумæйаг фронтæй. Сæ бар — сæхи", — загъта спикер.

Уый банысан кодта, "Иугонд Ирыстон" кæй нæ къуылымпы кæны иннæ партиты куыст, нæ сын æхгæны сæ хъæппæристæ, кæцытæ дыууæ азы мидæг нæдæр уыдысты".

Ног хабӕртты лентӕ
0