Ацы Уæлахиз æрхаста… Куыдзеты Андрей

© архив Ларисы КудзиевойКуыдзеты Андрейы фыстӕджытӕ ӕмӕ документтӕ
Куыдзеты Андрейы фыстӕджытӕ ӕмӕ документтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хусар Ирыстон проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" -йы фӕлгӕтты Куыдзеты Ларисæ радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ дадайы хайадисты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Мæ дада, Куыдзеты Андрей Александры фырт у Æнæмæлгæ полкæй иу, кæцы нын æрхаста цард æмæ сæрибардзинад.

Куыдзеты Андрей Александры фырт райгуырд Цæгат Иры, Хуымæллæгы хъæуы 1912 азы. 1941 азы йæм æрсидтысты фронтмæ, уыд 79 Гвардион æхсæн дивизийы 216 Гвардион æхсæн полкы бастдзинады дæлхайады командир. У Волховаг, Сталинградаг, Хуссар-Ныгуылæн фронтты хайадисæг. Фæцæф, фæлæ уæддæр аздæхт фронтмæ, уымæн æмæ йæ офицераг хæсыл нымадта йæ райгуырæн зæххмæ сабырад æрхæссын.

Георгиаг ленточкæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста… Цыбырты Иван

Хæст ын фадат нæ радта йæ ноггуырд фырты (мæ фыды) фенын æмæ ныййарæджы æнкъарæнтæ æххæстбæрцæй бавзарын. Уыцы æнкъарæнтæ уый иста йæ цардæмбалы, ӕмгæртты æмæ хæстæджыты фыстæджытæй. Йæ цардæмбал, Санахъоты Ольга Иваны чызг уымæн уыд йæ ныфс, уымæн æмæ йын баззад къаннæг сывæллæттæ, æвæгæсæг ныййарджытæ æмæ хæстæджытæ. Фæлæ хæсты хъизæмæрттæ нæ басастой офицеры æмкъайы. Уый каджынæй фæллой кодта хæсты æмæ фæсхæсты рæстæджы. Цæрæнбонты уый цайдагъ кодта ахуырыл йӕ сывæллæтты, уымæн æмæ йæм ацы курдиат уыд Хуыцауæй.

Мах, хъæбулы хъæбултæ, арæх хъусæм хъарм ныхæстæ нæ нанайы тыххæй, Ногиры хъæуы кадджын цæрæджы тыххæй. Амонджын сабибонтæ æмæ сабырадæй дарддæр ма мын мæ дадайæ баззадысты йæ фыстæджытæ фронтæй, кæцытæ йемыдзаг сты æгæрон уарзондзинадæй, фæлмæндзинад æмæ фыды уарзтæй. Æз сæрыстыр дæн, кæй райгуырдтæн ацы бинонты æхсæн, цыран хистæртæ — чи комкоммæ, чи та фронтæй фыстæджыты руаджы бандæвта мæ адæймагдзинадыл.

Мæ дада бавдыст æрцыд Паддзахадон хорзæхмæ — майдан "За Отвагу"-мæ, фæлæ майдан не ‘ссардта йæ хицауы. Бавдыстæй дыууæ бон фæстæдæр уый фæмард карз тохы Украинæйы зæххыл. 70 азы мæ бинонтæ агуырдтой йæ ингæн, æмæ абоны онг дæр йæ хъæбулы хъæбултæн нæй фадат Украинæмæ, сæ дадайы ингæнмæ ныццæуын æмæ уырдыгæй армыдзаг зæхх æрхæссын, 1945 азы фæстæ нæ хъæуы цы цырт сæвæрдтой, уырдæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0