ЦХИНВАЛ, 4 мая — Sputnik. 71 азы размæ фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцы ахаста цалдæр милуан советон цæрджыты цард. Бирæтæ дзы ныгæд сты æфсымæрон ингæнты. Алыхатт хæстæджытæн фадат нæ вæййы се ‘ввахс адæмы уæлмæрдтæм бацæуын, сæ рухс ном ссарынӕн, уымæн æмæ нæ зонынц, кæм ныгæд сты. Фæлæ ныр дæр, бирæ æзты фæстæ, адæм ссарынц, сæ хиуæттæ кæм ныгæд сты, уыцы бынæттæ.
Ахӕм фадат фæцис Цыбырты Людвиг æмæ Хазбийӕн дӕр. 2012 азы апрелы уыдон уыдысты, сæ хистæр æфсымæр Иван цы бынаты ныгæд ис, уым. Уый фæмард 1943 азы, фæлæ йæ хъысмæты тыххæй хиуæттæ ницы зыдтой дæргъвæтин æзты.
Хæст куы райдыдта, уæд 18-аздзыд Ваня ахуыр кодта Сталинираг педагогогн техникумы. Курдиатджын лæппу ахуырæй дарддæр цайдагъ кодта музыкæйыл — уыд хæстагъоммæ рæстæджы популярон духовон оркестры хайадисæг. Уыд ма Сталинираг аэроклубы инструктор.
Хæлардзинадæн стыр нысаниуæг кæй дæтта, уый тыххæй ацыд хæстмæ дæр, кæд æрсиддон кары нæ уыд, уæддæр. Техникумы уый уыд хæлар фидæны зындгонд поэт Асаты Реуазимæ. Реуаз уыд дыууæ азы хистæр Иванæй æмæ йæм æрсидтысты фронтмæ. Уый базонгæйæ, Иван ацыд йемæ фронтмæ бархийæ. Фыццаг бахауд Ленинаканы музыкалон взводмæ. 1942 азы марты кæрон æй арвыстой Цæгат Кавказы архайгæ æфсадмæ.
1943 азы Краснодары крайы станицæ Новодмитриевскаяйы цур бацайдагъ карз тох, уый рæстæджы Иван фæмард хъайтары мæлæтæй.
Асаты Реуаз тынг зынтæй фæрæзта йе мгары мæлæт æмæ йе ‘мдзæвгæты фыццаг чиныг "Хæстоны сис", кæцы фыста хæсты окопты, снывонд кодта Иваны рухс номæн.
2012 азы, Цыбырты бинонты зонгæтæ, Кубаны уылты сæ фæндаг ракæнгæйæ, æрлæууыдысты станицæ Новодмитриевскаяйы Кады мемориалы цур, цæмæй ссарой ацы æфсымæрон ингæны цы хæстонтæ ныгæд æрцыдысты, уыдон рухс нæмттæ. Æмæ бирæ мыггæгты хсæн сæ цæст схæцыд "Чебиров И.А."-йыл. Æрæздæхгæйæ уыцы хабар радзырдтой Иваны æфсымæртæн — Людвиг æмæ Хазбийæн. Мæлæты бынат раст уыд, фæлæ дызæрдыггаг уыд мыггаджы фыст (Чибиров нæ, фæлæ Чебиров) æмæ фыды ном (Алексеевич нæ, фæлæ Афанасьевич). Гуырысхо ауварс кæныны тыххæй Людвиг Алексейы фырт арвыста фыстæг УФ хъахъхъæнынады министрады централон архивмæ.
Уырдыгæй 2011 азы ноябры æрцæугæ бæрæггæххæтт хæстæджытæм нал ныууагъта дызæрдыгдзинад, Краснодары крайы станицæ Новодмитриевскаяйы Кады мемориалы центры кæй ис се ‘фсымæры мыггаг, кæцы йæ мæлæт ссардта 1943 азы, Кубань гитлераг фашисттæй хъахъхъæнгæйæ.
2012 азы 12 апрелы Цыбырты Людвиг, Хазби, Алексей æмæ Рамаз ацыдысты Цыбырты Иваны ныгæды бынатмæ, цæмæй йын скæной фæстаг цыт.
Хистæр æфсымæры фæмардæй 69 азы фæстæ, РХИ фыццаг президент, ныр ЦИПУ-йы профессор, зонæдты сгуыхт архайæг, историкон зонæдты дохтыр Цыбырты Людвиг Алексейы фырт æмæ йе ‘ввахс хæстæджытæ сæвæрдтой дидинтæ обелискмæ, цыран 1636 хæстонты мыггæгты æхсæн ис се ‘фсымæр Цыбырты Ваняйы мыггаг.
Сæ хистæр æфсымæр æнустæм баззад 19-аздзыдæй. Ацы уæлмæрдæй уыдон райгуырæн бæстæмæ раластой армыдзаг зæхх.