"Лирика" контрабандæ кодта Цхинвалы афтеччытæй иуы хицау

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал. Джиоты Аланы уынг
Цхинвал. Джиоты Аланы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрхондон 50 сомы бæрц фæивар кодта 48-аздзыд цхинвайлаг Тохъмайты Ритæйы, кæцы бафæлвæрдта Хуссар Ирыстоны территоримæ тобæгонд препарат "Лирика"-йы егъау парти æрбаласын.

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Дзауы районон тæрхондон рахаста тæрхон Цхинвалы цæрæгæн, кæцы фæлвæрдта Хуссар Ирыстоны территоримæ тобæгонд медицинон препарат "Лирика"-йы егъау парти æрбаласын. 48-аздзыд Тохъмайты Ритæйы фæивар кодтой 50 мин сомы бæрц, фехъусын кодтой ПÆК-ы пресс-службæйы.

Ивгъуыд къуыри, оперативон информаци реализацийы рæстæджы, Цæгат Ирæй Хуссармæ цæуæг машинæйы Æдасдзинады комитеты ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады кусджытæ ссардтой тобæгонд препараты егъау парти.

© Пресс-служба КГБТохъмайты Ритæ
Рита Токмаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тохъмайты Ритæ

Фӕткхалӕг фӕнд кодта Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбаласын препараты 1378 капсулӕйы, сӕ аргъ уыд 500 000 мин сомӕй фылдӕр.

"4 майы уагъд æрцыд Дзауы районы тæрхондоны рабадт горæт Цхинвалы, Джиоты Аланы проспектыл цæрæг Тохъмайты Ритæйы хъуыддаг равзарыны тыххæй. 1 майы Тохъмайты Ритæ фæлвæрдта Хуссар Ирыстоны территоримæ тобæгонд медицинон препарат "Лирика"-йы 1378 капсулæ æрбаласын", — фехъусын кодта ПÆК-ы кусæг.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК не ‘рбауагъта Хуссар Ирыстонмӕ "Лирика"-йы егъау парти

"Лирика"-йы байстгонд парти æрцыд конфискаци æмæ куынæг.

Хуссар Ирыстоны парламент фарон июлы райста закъон, кӕцымӕ гӕсгӕ тобӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн медицинон препарат "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогты ӕрласт ӕмӕ уӕй кӕныныл.

Тобæ райст æрцыд уымæн, æмæ республикæйы фæзынд тенденци ацы препаратæй æнæзакъононæй пайда кæнын, кæцы хæссы серьезон зиан адæймаджы æнæниздзинадæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0