Бибылты Анатолий фембӕлд Луганскы сӕргълӕууӕгимӕ

© Сайт главы ЛНРБибылты Анатолий ӕмӕ Луганскы адӕмон республикайы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий
Бибылты Анатолий ӕмӕ Луганскы адӕмон республикайы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегаци дыццӕджы ацыд кусӕгон балцы ЛАР-мӕ. Уым бӕстӕйы сӕргълӕууӕг РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолийы схорзӕхджын кодта Кады нысан "От благодарного народа ЛНР".

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдар Бибылты Анатолий ӕмӕ Луганскы адӕмон республикайы сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы перспективон ӕмгуыстадыл, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстонæн æввахс у Донецкы тох

Хуссар Ирыстоны делегаци дыццӕджы ацыд кусӕгон балцы ЛАР-мӕ. Луганскы Бибылты Анатолий фембӕлд Игорь Плотницкиймӕ. Фембӕлды ма хайад райстой ЛАР-ы сӕргълӕууӕджы администрацийы хистӕр Ирина Тейцман ӕмӕ Адӕмон Советы сӕргълӕууӕг Владимир Дегтяренко.

Игорь Плотницкий раарфӕ кодта уазджытӕн ӕмӕ банысан кодта, хуссарирыстойнаг адӕмы дӕнцӕг ныфс кӕй дӕтты ЛАР-ы адӕмӕн сӕ равзаргӕ фӕндагыл.

Уый ма бӕрзонд аргъ скодта Хуссар Ирыстоны ӕххуысӕн ӕмӕ Бибылты Анатолийы схорзӕхджын кодта Кады нысан "От благодарного народа ЛНР".

"Мах араздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй нӕ ахастытӕ дарддӕр дӕр парахат кӕной ӕмӕ нӕ бӕстӕты адӕм ноджы феввахсдӕр уой", — загъта Бибылты Анатолий фембӕлды рӕстӕджы.

Игорь Плотницкий ӕмӕ Бибылты Анатолий ма ӕрдзырдтой ЛАР ӕмӕ РХИ-йы перспективон ӕмгуыстадыл, сӕрмагондӕй дыууӕ бӕстӕйы парламентты ӕмархайдыл.

Хуссар Ирыстоны делегаци ма бабӕрӕг кодта ЛАР-ы музей ӕмӕ аивадон галуан. Уыдон ма дидинтӕ сӕвӕрдтой Кады Аллейы ӕмӕ 2014-2015 азты хӕсты хъайтартӕн цытмӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы июны банымадта ЛАР-ы хӕдбардзинад. Ивгъуыд азы Донецк ӕмӕ Луганскы конд ӕрцыдысты РХИ-йы минӕварадтӕ. Уый фӕстӕ ахӕм уагдӕттӕ бакодтой Цхинвалы дӕр.

Ацы аз апрелы РХИ, ДАР ӕмӕ ЛАР-ы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл меморандумтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0