Хуссар Иры æрцахстой Узбекистаны æмбæстаджы "насвай"-ы партиимæ

© Sputnik / Диана КозаеваУадзæн пункт "Рукъ"
Уадзæн пункт Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалæг фæлвæрдта арæны сæрты ахизын æнæ республикæйы хицауады разыдзинадæй.

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ æрцахстой Узбекистаны 25-аздзыд æмбæстаджы, кæцы фæлвæрдта æнæзакононæй арæны сæрты рахизын. Басгæрсты рæстæджы уымӕ разынд республикæйы тобæгонд "насвай"-ы парти, фехъусын кодта Sputnik ведомствӕйы пресс-службæ.

"Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн паддзахадон арæны фадыгыл, уадзæн пункт "Рукъ"-ы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Узбекистаны æмбæстаджы, кæцымæ разынд 300 грамм "насвай", — загъта ПÆК-ы кусæг.

Уый банысан кодта, фæткхалæг кæй фæлвæрдта Хуссар Ирмæ æнæ официалон æрбахуындæй æрбацæуын.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент тобæ сæвæрдта "снюс" æмæ "насвай" парахат кæныныл

Фæтхалæг фæстæдæр феддæдуар æрцыд Хуссар Иры территорийæ, "насвай" та æрцыд конфискаци æмæ куынæг.

Марты Хуссар Ирыстоны парламент райста республикæйы территорийыл æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закъон.

Sputnik Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатт нæ аздæхта хъусдард ацы проблемæмæ. Агентады журналисттæ фарон сарæзтой контролон балхæд, уый фæстиуæгæн рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис базарадон объектты сæрибарæй балхæнын æууилгæ тамако "снюс". Сайт Sputnik-ыл цалдæр публикацийы фæстæ парламент фехъусын кодта, кæй фæнд кæнынц йæ реализаци æрæхгæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0