Президенты администраци: Гуырдзыстонӕй хорз хабӕрттӕм не ‘нхъӕлмӕ кӕсӕм

© Sputnik / Ада БагианУӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны ӕртыццӕджы райдыдтой гуырдзиаг–америкӕйаг ахуыртӕ Noble Partner. РХИ президенты администрацийы банысан кодтой, Ӕдасдзинады комитет ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ ӕмархайгӕйӕ сӕ хъус кӕй дарынц арӕны уавӕрмӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тасы ӕфтауынц Гуырдзыстоны реваншистон фӕндтӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

УФ фæсарӕйнаг хъуыддæгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстон та йæхи аиуварс кодта тыхæй ма спайда кæныны документыл бадзурынӕй
Гуырдзыстоны ӕртыццӕджы райдыдтой гуырдзиаг —америкӕйаг ахуыртӕ Noble Partner-2016. Хайад сӕ исы 1300 ӕфсӕддоны АИШ, Стыр Британи ӕмӕ Гуырдзыстонӕй. Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады ведомствӕйӕ ахуырты архайынц хӕдтӕхджытӕ, танктӕ M1A2 Abrams ӕмӕ хӕдтулгӕтӕ Bradley. Уымӕй дарддӕр ма ахуырты хайад исынц танктӕ T-72 ӕмӕ хӕстон машинӕтӕ БМП-2.

"Мах ӕппынӕдзух нӕ хъус дарӕм уавӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Гуырдзыстонӕй хорзмӕ кӕй ницӕмӕ ис ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды хынцыд ӕрцыдысты ӕдасдзинады фарстытӕ, уыдонимӕ куыд арӕны ӕдасдзинад, афтӕ ӕппӕт республикӕйы сабырад", — загъта Гана.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны нӕ иуварс кӕнынц, Гуырдзыстоны къухдариуӕгады ӕмцӕдисонтӕ сӕ реваншистон фӕндтӕй кӕй спайда кӕндзысты, уыцы хъуыддаг.

"Ирыстоны хуссар арӕнтыл цы цӕуы, уый махӕн ногдзинад нӕу, нӕ службӕтӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ. Ӕдасдзинады комитет ӕмӕ арӕнгӕрон службӕ сӕ хъус дарынц арӕны уавӕрмӕ", — загъта пресс-секретарь.

НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ахуыртӕ фӕуыдзысты 26 майы. Уыдон цӕуынц ӕфсӕддон базӕ Вазианийы. Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй сӕ нысан у Гуырдзыстоны ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын.

Noble Partner Гуырдзыстоны ахуыртӕ уадзынц ныр дыккаг хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0