ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Уӕлахизы бонӕн нывонд информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" æрæмбырд кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты — нæ республикæйы цæрджыты дæсгай историтæ.
Æрвылбон Sputnik Хуссар Ирыстоны редакции иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты чи тох кодта, уыдон хъæбулы хъæбулты историтæ. Скъоладзаутæ æмæ студенттæ, паддзахадон кусджытæ æмæ æфсæддон службæгæнджытæ, алы кары æмæ дæсниӕдты адæм радзырдтой Стыр Уæлахизы хъуыддагмæ сæ хиуæттæ æмæ хæстæджыты хайбавæрды историтæ. Проекты фæлгæтты алы истори дæр у уникалон æмæ бæлвырд кæны фæлтæрты æнæфескъуыйгæ тæгтæ. Райгуырæн бæстæ æмæ Европæйы горæттæ Уæлахизы тырысаимæ чи сæрибар кодта, уыцы фронтовикты тыххæй сæ мысæнтæ дзырдтой сæ хъæбулы хъæбултæ. Ветеранты историтæ иллюстрацигонд уыдысты къамтæ æмæ хисæрмагонд архивтæй документтæй.
"Стыр Уæлахизы бæрæгбоны фæлгæтты Sputnik Хуссар Ирыстоны проект порталы кæсджыты æмæ социалон хызæгтæй пайдагæнджыты æхсæн ссардта цардæгас дзуапп. Ветеранты историтæ бæлвырд кæнынц, махæй рох кæй нæу, нæ фыдтæ æмæ дадатæ цы хъайтардзинад сарæзтой", — дзуры Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.