Глобалон диктанты хайадисджытӕй дыууӕйӕ райстой фыццаг къӕпхӕны дипломтӕ

Рафыссын
Мадӕлон ӕвзагӕй сӕ зонындзинӕдтӕ бафӕлварын кӕй фӕндыд, уыдонӕй дыууӕйӕ - Анахарсисы номыл библиотекӕйы кусӕг ӕмӕ гимнази "Альбионы" ахуырдзау сӕ хӕслӕвӕрд ныффыстой нывыл ӕмӕ райстой фыццаг къӕпхӕны дипломтӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ирон ӕвзагӕй тоталон диктанты хайадисджыты.

Цхинвалы 11 майы ныффыстой глобалон диктант. Мадзалы хайад райстой дӕсгай адӕймӕгтӕ — ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хицауады кусджытӕ, студенттӕ ӕмӕ журналисттӕ. Се ‘хсӕн уыд канд ирӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ дӕр.

Цхинвалы ныффыстой тоталон диктант мадӕлон ӕвзагыл

"Мадӕлон ӕвзагӕй сӕ зонындзинӕдтӕ бафӕлварын кӕй фӕндыд, уыдонӕй дыууӕйӕ — Анахарсисы номыл библиотекӕйы кусӕг ӕмӕ гимнази "Альбионы" ахуырдзау сӕ хӕслӕвӕрд ныффыстой нывыл ӕмӕ райстой фыццаг къӕпхӕны дипломтӕ", — радзырдта Sputnik ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.

Ирон ӕвзаджы грамматикӕйӕ сӕ зонындзинӕдтӕ фӕлвӕрдтой Хъайтыхты Азӕмӕты очерк "Хӕдзары хицау"-уы скъуыддзагӕй. Бакаст текст гимнази "Альбион"-ы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Зассеты Зара.

Мадзал арӕзт ӕрцыд республикӕйы ахуырады министрады хъӕппӕрисӕй ирон ӕвзаджы боны цытӕн, кӕцы нысан цӕуы 15 майы.

Тоталон диктант Цхинвалы фыстой ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хицауады кусджытӕ ӕмӕ журналистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тоталон диктант Цхинвалы фыстой ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хицауады кусджытӕ ӕмӕ журналистты
Ног хабӕртты лентӕ
0