ЦХИНВАЛ, 17 мая — Sputnik. Цхинвалы цæрджыты диспансеризаци рабæрæг кодта, хуссарирыстойнаг столицæйы цæрджытæ фылдæр кæй тыхсынц зæрдæйы æмæ эндокринон системæйы низтæй. Горæты поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цоциты Алла Sputnik куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн диспансеризаци рацыд цæрджыты 13,3 %.
"Фадыгон дохтыртæ зилынц цæрджытыл æмæ сын хъусын кæнынц иумæйаг басгæрст рацæуыны æнæмæнгхъæуӕгдзинады тыххӕй. Ныридæгæн диспансеризаци чи рацыд, уыдонæн сæ 15% сты бынтон æнæниз, 24% сты тасы къорды æмæ 61% та рабæрæг сты алыгъуызон низтæ, сæвæрдтам сæ хыгъдыл æмæ цæуынц хоскæнынад", — загъта сæйраг дохтыр.
39 азæй хистæр сылгоймæгтæй дæсæн разынд зæнæгдоны низтæ, 45 сылгоймагæн æвæрд æрцыд диагноз "мастопатия", дыууæмæ та зæрдæ æхсайы риуы онкологон низтæм.
Цоциты Алла банысан кодта, æвзонг фæлтæр æмбæлон активон хайад кæй нæ исы диспансеризацийы.
"Басгæрстмæ сæйраджыдæр цæуынц хистæр кары адæм, кæцытæ зонынц сæ низыхатт. Фæлæ хъыгагæн, нырыккон дуджы низтæ кæнынц "æвзонгдæр" æмæ диспансеризацийы нысан у низы хатт рæстæгыл раргом кæнын æмæ йæ хос кæнынмæ æрæвналын, уымæн æмæ цыфæнды низæн дæр æнцондæр у райдайæн æмвæзадыл схос кæнын", — банысан кодта дохтыр.
Диспансеризаци фадат дæтты хроникон низтæ æмæ уыдонæй фæрынчынæй тасы фактортæ раргом кæнын.
"Уыдон нымæцы сæйраджыдæр сты зæрдæйы, онкологон, нервты низтæ æмæ сæкæрниз. Адæм, уæлдайдæр та æрыгæттæ, арæх сæхи фенкъарынц хорз æмæ нæ фæфиппайынц, се уæнгты низ кæй ис", — загъта уый.
Сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ, диспансеризаци адарддæр уыдзæн "фæстаг пациенты онг".