Рынчындоны нал ис "гом дуæрттæ"

© Sputnik / Наталья АйриянРеспубликон соматикон рынчындон
Республикон соматикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон соматикон рынчындонмæ Хуссар Ирыстоны фадат ис бахауын æрмæстдæр поликлиникæйы æмбæлон гæххæтт райсыны фæстæ. Ацы мадзæлттæ фадат дæттынц стационарон рынчынтæм хъус хуыздæр дарын æмæ уагдоны уагæвæрд хъахъхъæнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Пенсиисæг Тедеты Зинæ араст кардиологмæ, фæлæ йын нæ бантыст республикон рынчындонмæ бахауын, бацæуæны лæууынц мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Уый нæ зыдта, æмæ рынчындонмæ бахауыны бар ныридæгæн кæй ис æрмæстдæр горæты поликлиникæйæ æмбæлон гæххæтт æрбавдисыны фæстæ. Ацы мадзæлтты руаджы сæйраг дохтыр Кокойты Маир фæлвары уагæвæрд бахъахъхъæнын.

"Фæнды мæ кардиологийы хайады дохтыртæм бацæуын, ис мын гипертони æмæ мæ зæрдæ дæр риссы. Раздæр мын капельницæтæ æвæрдта мæ сыхаг, фæлæ уый ныртæккæ ам нæй, уымæ гæсгæ æрбацыдтæн рынчындонмæ. Бахизæны мын хъахъхъæнджытæ загътой, æнæ "направление"-йæ мæ кæй нæ бауадздзысты мидæмæ. Абон рæстæг нал ис, фæлæ райсом бацæудзæн поликлиникæмæ гæххæтт райсыны тыххæй", — дзуры сылгоймаг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, поликлиникæйы дохтырты уæлдай уый фылдæр æууæнды рынчындоны дохтыртыл.

Цхинвалы соматикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырæн хæдзары сæйраг дохтыр: сывӕллӕттӕ гуырӕт, ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр

"Рынчындоны дохтыртæн ис бирæ пациенттæ, уыдон семæ кусынц, ис сын дæргъвæтин практикæ. Поликлиникæмæ та бирæ адæм нæ цæуы. Мæ зонгæтæй бирæтæ тынг æппæлынц рынчындоны кардиологтæй", — бацамыдта йæ равзæрст сылгоймаг.

Бахизæны хъахъхъæнджытæ сты зæрдæхæлар, уыдон æмбарын кæнынц адæмæн, рынчындонмæ бар кæй ис цæуын æрмæстдæр сæйраг бахизæнæй æмæ æмбæлон гæххæттимӕ. Сæрибарæй бацæуын цыфæнды рæстæг дæр бар ис æрмæстдæр сывæллæтты хайадмæ.

Рынчынты бабæрæг кæнынæн дæр ис бæлвырд рæстæг — 15.00 — 20.00.

Сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзæлттæ фæахъаз уыдзысты уагдоны уагæвæрд æмæ сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнынӕн æмæ дохтыртæ хуыздæр æххæст кæндзысты сæ комкоммæ хæстæ — стационарон рынчынтæн хос кæнын.

"Ахæм мадзæлттæ райст æрцыдысты хицауад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ æрæмдзыхы фæстæ. Нырæй фæстæмæ уыдзæн ахæм фæтк. Ног мадзæлтты райстимæ дохтыртæ хуыздæр райдыдтой сæ куыст æххæст кæнын", — загъта сæйраг дохтыр.

Кокойты Маир банысан кодта, медикты сæ сæйраг куыст кæнын кæй хъыгдарынц æмбæстæгтæ, кæцытæ поликлиникæ æмæ фадыгон дохтыры сæрты ахизгæйæ, бараст вæййынц комкоммæ рынчындонмæ.

"Афтæ нæй гæнæн. Дунейы иу бæстæйы дæр нæй ахæм практикæ, æмæ æмбæстаг бацæуа рынчындонмæ æмæ бахата комкоммæ дохтырмæ. Критикон уавæртæй дарддæр пациентты нал исдзысты рынчындоны æнæ æмбæлон гæххæттæй поликлиникæйæ", — загъта Кокойты Маир.

Барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ сæ куыст цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, уый фæдыл Кокойты Маир фæнд кæны бузныджы фыстæг ныффыссын Мидхъуыддæгты министры номыл.

Цæрджыты диспансеризаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны райдыдта цæрджыты диспансеризаци

Республикон рынчындоны дохтыртæ Sputnik куыд загътой, афтæмæй æрæджы хъахъхъæнджытæ нæ бауагътой рынчындонмæ чиновниктæй иуы, кæцы фæлвæрдта рынчындонмæ æнæ "направление"- йæ бацæуын.

"Ахæм уавæры хъæуы æрбавдисын документтæ кæнæ бæлвырдгæнæн. Хъахъхъæнджытæ æххæст кæнынц сæ куыст — хъахъхъæнынц уагдоны æдасдзинад", — загъта сæйраг дохтыр.

Кардиологон хайады гæс Хъороты Светланæ загъта, сæ куыст кæй фæрогдæр ис, фæлæ ныр поликлиникæйы алкæмæн дæр сæрибарæй дæттынц ацы гæххæтт.

"Абоны бон нæм иу сæрибар бынат дæр нæй, уымæн æмæ алчидæр бацæуы поликлиникæмæ, радзуры симптомтæ æмæ бахаты, цæмæй йæ арвитой рынчындонмæ. Уый фæстæ æрбацæуынц ардæм. Афтæмæй та дзы бирæты стационар нæ хъæуы, сæ бон у хæдзары хос кæнын фадыгон дохтыры хъусдарды бын", — дзуры Светланæ.

Хъороты Светланæйы ныхæстæм гæсгæ, алы пациентимæ дæр æрбацæуы фондз-æхсæз хионы, кæцытæ сæ хæсыл нымайынц бацамонын дохтырæн, куыд хуыздæр хъæуы хос кæнын рынчынæн.

Уый нымайы, ацы "направление"-тæ фыссын алкæмæн кæй нæ хъæуы, фæлæ æцæг æххуыс кæй хъæуы.

Рынчындоны администраци ма хъуамæ æркæса рынчындоны территорийыл транспорты уæвынады хъуыддагмæ дæр. Фыццаджыдæр такситы лæууæндонмæ, кæцытæ хъыг дарынц экстренон службæты æмæ тагъд æххуысы транспорты рахызт.

Рынчындонмæ бахизæны æввахс мæй фæзындзæн шлагбаум.

Ног хабӕртты лентӕ
0