Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой фæткхалджыты 80 кг контрафактон еугæфимæ

© Sputnik / Пресс-служба КГБСырх еугæф
Сырх еугæф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалджыты æрцахстой еугæф æмæ цалдæр сæдæ къоппы хъацæнтæ адæттыны рæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 17 мая — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты Гуырдзыстонмæ æнæзакононæй уæргътæ аласты рæстæджы, фехъусын кодтой ПÆК-ы пресс-службæйы.

Фæткхалджыты æрцахстой Цхинвалы хъæу Отъреуы хъæуы цур.

Сырх еугæф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Контрабандисттæ бафæлвæрдтой Хуссар Ирæй Гуырдзыстонмæ 200 кг еугæф аласын

"80 кг сырх еугæф æмæ дыргъбæлæстæн хъацæнты 40 къопп адæттыны рæстæджы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцытæ æнæзакононæй фæлвæрдтой Гуырдзыстонмæ уæргътæ ласын", — загъта пресс-службæйы кусæг.

Ныридæгæн уаргъ у ахст. Бæлвырд цæуынц ацы цауы уавæртæ.

"Ацы уаргъимæ кæй ницы документтæ уыд, уымæ гæсгæ мах нымайæм, ацы парти кæй у контрафактон æмæ у зианхæссæг æнæниздзинадæн. Уый тыххæй ацы продукци баййафдзæн лабораторон басгæрст", — банысан кодтой ПÆК-ы.

Уагдоны минӕвар ма куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы ӕмбӕстӕгтӕ 2014 азы фӕлвӕрдтой Гуырдзыстонмӕ алкоголон продукцийы егъау парти аласын. Уӕд машинӕ сгарыны рӕстӕджы рабӕрӕг, фӕткхалджытӕ ӕнӕзакъонӕй кӕй ластой 900 литр спирт.

Фаронма ацы хъæуы районы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой машинæ, кæцы ласта 200 кг сырх еугæф Гуырдзыстонмæ. Уаргъ байстой, конфискацигонд уаргъы иу хай радтой хъахъхъæнынады министрадмæ, иннæ хай та ахуырады министрадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0