ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Андрей Стенины номыл ӕвзонг фотожурналистты æхсæнадæмон конкурс, кæцы уадзы ӔИА "Россия сегодня" ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы къамисы эгидæйы бын, ныммыхуыр кодта "шорт-лист". Конкурс 2016 азы сæвæрдта рекорд хайадисджыты географийы — хайад дзы райстой къамисджытæ фондз континенты 71 бæстæйӕ.
Шорт-листмӕ бацыдысты дӕс бӕстӕйы минӕвӕрттӕ, се ‘хсӕн — Уӕрӕсе, Китай, Сири, Итали, Испани, Израиль ӕмӕ ӕнд.
Призон бынӕттӕ чи бацахса, уыцы къамисджыты нӕмттӕ рабӕрӕг уыдзысты 2016 азы 4 августы. Уӕлахиздзауты хорзӕх кӕныны церемони уагъд ӕрцӕудзӕн 30 августы Мӕскуыйы, конкурсы лауреатты куыстыты равдысты рӕстӕджы. Конкурсон куыстыты равдысттӕ азы кӕронмӕ уагъд цӕудзысты Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнты.
Уæрæсейаг географи æвдыст у æппæт бæстæйæ — Калининград, Мæскуы æмæ Санкт-Петербургæй Владивосток æмæ Ялтæйы онг. Иууыл фылдæр куырдиæттæ лæвæрд æрцыдысты номинацитæ "Мæ бæстæ", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар" æмæ "Дунейы хуызтæ. Царды гармони". Уæлахиздзауты нæмттæ раргом уыдзысты 2016 азы августы.
"Ацы аз конкурс сæвæрдта рекорд хайадисджыты нымӕц ӕмӕ куыстыты гъӕдӕй. Фаронмӕ абаргӕйӕ, ацы аз хайадисджыты нымӕц бӕрӕг фӕфылдӕр — ӕрбавдыстӕуыд 6000 куысты дунейы 71бӕстӕйӕ. Тынг ӕхсызгон нын у, ацы ӕвзонг къамисджыты нӕмттӕ фыст кӕй ӕрцӕудзысты историйы ", — загъта ӔИА "Россия сегодня"-йы фотоинформацийы баиугонд дирекцийы сæргълæууæг Александр Штоль.
Конкурсмæ куыстытæ ист цыдысты фондз номинацийы: "Мæ бæстæ", "Дунейы хуызтæ. Царды гармони", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар", "Сæйраг хабæрттæ" æмæ "Спорт". Хъæлæсдæттынады фæстиуджытæм гæсгæ, жюри алы номинацийы дæр сбæлвырд кӕдзæн æртæ призон бынаты, афтæ ма лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд хорзæх "Гран-при". куыстæн.
Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсы нысан у æвзонг къамисджытæн феххуыс кæнын æмæ нырыккон фотожурналистикæйы хæслæвæрдтæм æхсæнадон хъусдард аздахын.