Хуссар Ир æрсидт фӕсарӕйнаг дипмисситæм Гуырдзыйы фыдракæндтæн стæрхон кæнын

© Sputnik / Алексей КовалевЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зары трагедийы тыххæй бæрæггæнæнтæ æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы уæвæг Швейцараг конфедерацийы минæварады цур Гуырдзыстоны интересты секцимæ дæр.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы æрсидт УФ-йы уæвæг фӕсарӕйнаг дипмисситæм, цæмæй стæрхон кæной Гуырдзыстоны фыдракæндтæн æмæ дзуапп æрдомой Гуырдзыстоны къухдариуæгадæй, кæцы аххосджын у адæймагады ныхмæ фыдракæндты, фехъусын кодтой Sputnik минæварады пресс-службæйы.

Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
33 цардбӕллон уды. Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Хуссарирыстойнаг димполатон миссийы æрсидт æрвыст æрцыд гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Номарæн боны æмæ Зары трагедийыл 24 азы сæххæсты фæдыл. Ацы æбуалгъ фыдракæнды тыххæй бæрæггæнæнтæ æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы уæвæг Швейцараг конфедерацийы минæварады цур Гуырдзыстоны интересты секцимæ дæр.

"1992 азы 20 май ирон адæмы зæрдæты баззад, куыд Хуссар Иры ныхмæ гуырдзыстойнаг агрессийы иууыл æвирхъаудæр акт. Ацы бон ацы фæндагыл Цхинвалмӕ цы гуырдзиаг лӕгмартӕ тыдтой, уыдонӕй лыгъдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Сӕ ӕвтоколоннӕйы раз бабадт гуырдзиаг гарзджын ӕфсад ӕмӕ сӕ ныццагътой", — дзырдæуы хъусинаджы.

РХИ минæварад зæрдыл æрлæууын кодта, горæтæй ацæуæн кæй уыд æрмæстдæр иунæг хæххон фæндагыл, кæцы райста "царды фӕндагы" ном. Гуырдзыстойнаг лæгмартæ цы фыдракæнд сарæзтой, уый та уыд нывæзтгонд фыдракæнд.

"Лæгмартæ уыдысты хорз цæттæ. Уыдон зыдтой, фæндагыл кæй цæуынц сабыр цæрджытæ æнæ хæцæнгарзæй, фæцæйкодтой сæ бинонты хæсты хъизæмæрттæй Уæрæсемæ. Æбуалгъ фырдакæнды фæстиуæгæн фæмард сты 36 сабыр цæрæджы, сæ фылдæр сылгоймæгтæ, зæронд адæм æмæ сывæллæттæ", — æрлæууын кодта зæрдыл хуссарирыстойнаг дипмисси.

Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ

Хуссар Ирыстон ногæй æрсидт дунейон æмæхсæнадмæ, цæмæй стæрхон кæной Гуырдзыстоны фыдракæндтæн æмæ дзуапп æрдомой Гуырдзыстоны къухдариуæгадæй, кæцы аххосджын у адæймагады ныхмæ фыдракæндты.

Ног хабӕртты лентӕ
0