Скоков: Сирийы террористты фарс тох кӕнынц цӕгатирыстойнаг минӕвӕрттӕ

© Сайт УМВД по Смоленской областиРЦИ-А мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков
РЦИ-А мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министр банысан кодта иумӕйаг куысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад, цӕмӕй ныхмӕ фӕлӕууой республикӕмӕ радикализмы фӕндтӕ ӕрбахӕссынын цаутӕн, афтӕ ма фӕсивӕд ӕцӕгӕлон идеологийӕ бахъахъхъӕныны нысанӕн.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Сирийы террористты фарс хӕцынц цӕгатирыстойнаг лӕппутӕ, фехъусын кода мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков РЦИ-А Пысылмӕтты монон фӕткдаруаты минӕвӕрттимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг бацыд "Пысылмон паддзахад"-ы рӕнхъытӕм

"Мах иумӕйаг тыхтӕй хъӕуы кусын, цӕмӕй ӕвзонг фӕлтӕр ма хауой радикалон пысылмон дины хызты. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Сирийы террористты фарс тох кӕнынц цӕгатирыстойнаг лӕппутӕ, се ‘хсӕн ис фӕмардуӕвджытӕ дӕр", — хъусын кӕны Скоковы ныхӕстӕ РЦИ-А мидхъуыддӕгты министрады сайт.

Министр ма банысан кодта иумӕйаг куысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад, цӕмӕй ныхмӕ фӕлӕууой республикӕмӕ радикализмы фӕндтӕ ӕрбахӕссынын цаутӕн, афтӕ ма фӕсивӕд ӕцӕгӕлон идеологийӕ бахъахъхъӕныны нысанӕн. Уый ма ӕрсидт монон фӕткдаруаты минӕвӕрттӕм, цӕмӕй ӕмгуыстад кӕной барадхъахъхъӕнӕнг органтимӕ.

"Мах кусӕм адӕмӕн ӕмӕ цӕрджытӕ хъуамӕ уыной нӕ куысты фӕстиуджытӕ, зоной, полици сӕ сӕй бахъахъхъӕндзӕн фыдгӕнджытӕй ӕмӕ террористтӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ архайӕм иумӕйаг тыхтӕй Цӕгат Ирыстоны адӕмы хӕрзӕбонӕн", — загъта Скоков.

Муфтий Гуӕцӕлты Хаджимурӕт та радзырдта, фӕсивӕды партиотизмыл, хистӕр кары адӕммӕ ӕмбӕлон ахаст дарыныл, ӕфсӕрмыл цайдагъ кӕныны фӕдыл пысылмӕтты монон фӕткдаруат цы куыст кӕны, уый тыххӕй. Фембӕлды хайадисджытӕ ма бузныг загътой Михаил Скоковӕн фӕткдаруаты куыстмӕ йӕ ахасты тыххӕй ӕмӕ равдыстой цӕттӕдзинад мидхъуыддӕгты министрадимӕ ӕмгуыстадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0