Бӕрӕгбон, кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты 11 азы

© Sputnik / Алексей КовалевФӕстаг дзӕнгӕрӕг - 2016
Фӕстаг дзӕнгӕрӕг - 2016 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik уацхӕсджытӕ бабӕрӕг кодтой дыууӕ цхинвайлаг скъолайы – сӕ иуы ацы аз ис ӕхсӕз рауагъдоны, иннӕйы та 60-йӕ фылдӕр. Фӕлӕ рауагъдонты нымӕцмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, "фӕстаг дзӕнгӕрӕгтӕ" алкӕцы скъолайы дӕр ацыдысты цытджын уавӕры.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Козаты Диана, Хъотайты Мария. Уӕлдай нӕу, иу кӕнӕ иннӕ скъолайы цал рауагъдоны ис, бӕрӕгбон ахсджиаг у алкӕмӕн дӕр, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ сӕ тыхтӕ радтой, цӕмӕй "фӕстаг дзӕнгӕрӕджы" бӕрӕгбон уагъд ӕрцӕуа цытджындӕрӕй. Sputnik уацхӕсджытӕ бабӕрӕг кодтой дыууӕ цхинвайлаг скъолайы — сӕ иуы ацы аз ис ӕхсӕз рауагъдоны, иннӕйы та 60-йӕ фылдӕр.

Скъола №2

Горæты иууыл бирæнымæц скъолатæй иуы — дыккæгæм скъолайы — фæстаг дзæнгæрæг айзæлд 67 рауагъдонæн. Скъолайы фæзуат хъулон дардта урс лентæтæ æмæ дидинджытæй, ныййарджытæ æмæ хиуæттæ истой "рауагъдонты" къамтæ.
Куыд иннæ скъолаты, афтæ ам дæр мадзалы райдианы рахастой паддзахадон тырыса æмæ сæххæст кодтой республикæйы гимн, кæцыйæн æмзард кодта æппæт скъола.

Ацы азы рауагъдонтæй дарддæр ма абон ардæм æрбацыдысты ахæмтæ, кӕцытӕ ацы скъолайæн фæстаг хæрзбон 25 азы размæ — 1991 азы рауагъдонтæ. Се ‘хсæн ис бирæтæн хорз зындгонд дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ, уыдон ногæй æрæмбырд сты, цæмæй фæндагарфæ ракæной ног фæлтæрæн.

© Sputnik / Руслан Тадтаев"Фӕстаг дзӕнгӕрӕг", скъола №2
Последний звонок в школе №2 в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фӕстаг дзӕнгӕрӕг", скъола №2

Абоны рауагъдонтæй бирæтæ дзырдтой, ома бæрæгбонмæ æнæкæсгæйæ, æнкъард кæнынц, кӕй фæиппæрд уыдзысты, 11 аз цы скъолайы арвыстой æмæ иу партæйыл кæимæ бадтысты, уыдонæй.

"Зын нын у скъолайæ цæуын, фæлæ хынцæм, кæй хъæуы дарддæр цæуын — дæсниад равзарын, сахуыр кæнын, цæмæй нæ республикæйæн æрхæссæм пайда. Æнкъард дæн, хæрзбон кæй зæгъын ме ‘мбæлттæн. Цард нæ кæрæдзийæ адард кæндзæн — чи æндæр горæтмæ ацæудзæн ахуырмæ, чи райгуырæн горæты баззайдзæн… фæлæ мæ ныфс ис æмæ уæддæр æмбæлдзыстæм æмæ цингæйæ мысдзыстæм скъолайы хъæлдзæг рæстæг", — дзуры рауагъдон Зӕринæ.

Фæстаг дзæнгæрæгты æдасдзинад хъахъхъæнынц 300 милиционерæй фылдæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фæстаг дзæнгæрæгты" æдасдзинад хъахъхъæнынц 300 милиционерæй фылдæр

Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ ракодта скъолайы директор Абайты Сослан дæр, кæцы загъта, цингæйæ сæ кæй райсид фæстæмæ фыццаг къласмæ. Банысан сын кодта сæ ахуыры æнтыстытæ æмæ сын загъта бузныг, алыхаттдæр кæй æвдыстой хорз фæстиуджытæ, "олимпиадæты æмæ алыгъуызон спортивон ерысты хъахъхъæдтой скъолайы кад".

"Мæн фидарæй уырны, кæй уыдзыстут ныфс æрмæст скъолайæн нæ, фæлæ æппæт республикæйæн дӕр", — загъта уый.

Рауагъдонтæн ма раарфæ кодта экономикæйы министр Зæгъойты Вильям, кæцы йæхæдæг дæр каст фæцис Цхинвалы 2-æм скъола.

"Бирæ æзты размæ мæхæдæг дæр лæууыдтæн ацы фæзуаты. Æмæ абон ам лæугæйæ, мæ цæсты раз ауадысты, скъола каст фæуынæй фæстæмæ цы 29 аз рацыд, уыдон. Арфæ уын кæнын! Разæй уæм æнхъæлмæ кӕсы бирæ фæндæгтæ æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уын бантыса равзарын иууыл амондджындæр, уæрæхдæр æмæ рæсугъддæр фӕндаг æмæ йыл цæуат æдæрсгæйæ æмæ сæрбæрзондæй", — загъта Зæзъойты Вильям.

Ацы бон ма 67 рауагъдоны иууылдæр сæххæст кодтой традицион вальс æмæ ирон националон кафт "Симд".

Рауагъдонтæн ма арфæйы ныхæстæ ракодтой скъолайы чысыл минæвæрттæ дæр. Æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ арфæтæ сын кодтой æрæджы ацы скъолайы къæсæрæй йæ къах фыццаг хатт чи æрбавæрдта, уыдон. Рауагъдонтæ та сын балæвар кодтой чингуытæ.

Скъола № 10

Фæстаг дзæнгæрæг ма абон айзæлд Цхинвалы 10-æм астæуккаг скъолайы æхсæз рауагъдонæн дæр. Ацы скъолайы ис æрмæстдæр 60 ахуыргæнинаджы, Ахуырады министрад фæнд кодта скъола сæхгæнын, фæлæ йӕ фӕнд аивта, уымæн æмæ ацы районы æндæр скъола нæй.

Рауагъд – 2016 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауагъд – 2016

Чысыл спортзалы иу хайы самал кодтой бынæттæ рауагъдонты ныййарджытæн, ацы скъолайы раздæры азты рауагъдонтæн, ахуыргæнджытæн æмæ кӕстӕр кълӕсты ахуыргæнинæгтæн. Зæронд спортзалы систæ сфæлындыдтой тымбылæгтæй, гирляндæтæй æмæ газеттæй ахæм ныхæстимæ "Бузныг уын, зынаргъ ахуыргæнджытæ", "Хæрзбон, скъолайы бонтæ". Ам алцыдæр у ууыл дзурæг æмæ ацы бонмæ сæхи кæй цæттæ кодтой бæстонæй.

Хуссар Иры гимны цытджын зæлтæм залы центрмæ рахастой стыр ирон тырыса, æмбæрзæн байгом æмæ кæсджыты раз æрлæууыдысты æхсæз хæрзарæзт рауагъдоны, кæцыты скъола фæндараст кæны царды уæрæх фæндагмӕ.

"Хорз хъуыды кæнын, чысыл сабитæй уæ куыд истам фыццаг къласмæ. Уæ фыццаг ахуыргæнæг Венера Георгийы чызг уын куыд амыдта кæсын-фыссын. 11 аз атахтысты цæсты фæныкъуылдау. Ныр сымах хъæуы зындзинæдты сæрты хизын æмæ царды хæрзиуджытыл цин кæнын, фæлæ скъолайы бонтæ никуы ферох уыдзысты сымахæй", — загъта скъолайы директор Бабаты Изольдæ.

Йæ фæндагарфæты уый банысан кодта, цæмæй рауагъдонтӕ уой фидар, намысджын, куыстуарзаг, царды гуылфæнты сæ бастдзинад ма фесафой æмæ кæрæдзийæн уой ныфс.

Уый фæстæ рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ дзырдтой культурæйы хӕдивӕг Дзеранты Джульетта æмæ ахуырады министрады минæвар Джиоты Нинæ. Мадзал адарддæр националон кæфтытæй. Рауагъдонты нымæц фаг кæй нæ уыд националон кафт "Симд" сæххæст кæнынæн, уый тыххæй дзы хайад райстой кæстæр класты ахуыргæнинæгтæ дæр.

Ацы æмæ иннæ скъолаты рауагъдонтæ сæ бæрæгбон адарддæр кæндзысты театралон фæзуатыл, цыран уыдонæн уагъд æрцæудзæн стыр концерт æмæ бæрæгбонон фейерверк.

Ног хабӕртты лентӕ
0