ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Цæгатирыстойнаг спортсменкæ Тъуриты Тимæ (63кг) рамбылдта сыгъзӕрин майдан уæззау атлетикæйæ Уӕрӕсейы чемпионаты, хъусын кӕны 15 регион.
Хæслæвæрдты суммæйы ирон спортсменкӕ систа 240 кг (105 + 135 кг) ӕмӕ уый хыгъд ссис Уӕрӕсейы чемпионкӕ.
Спортсменкӕ йӕхӕдӕг куыд радзырдта, афтӕмӕй, кӕд уӕлахиз йӕ къухы бафтыд, уӕддӕр йӕ архайды фӕстиуджытӕй бынтон райгондӕй нӕ баззад.
"Мӕ уӕлахизӕй райгондӕй нӕ баззадтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ бон цы уыд, уымӕй къаддӕр уӕз систон. Фӕлӕ дарддӕр кусдзӕн ӕмӕ сӕйраг стартмӕ (Олимпиадӕмӕ) хуыздӕр бацӕттӕ кӕндзӕн мӕхи", — загъта Тимӕ.
Дыккаг бынат бацахста новосибирскаг Татьяна Алеева (225 кг), ӕртыккаг та Европӕйы чемпионкӕ Наталья Хлестакова (224 кг).
Тъуриты Тимæ ма уымӕй размӕ та Хьюстоны цæуæг дунейы чемпионаты рамбылдта æвзист майдан.