Гуфта-Хъемултайы фæндаджы арæзтад слæудзæн 546 милуан сомы

© Sputnik / Алексей КовалевГуфта-Хъемултайы фæндаджы арæзтад
Гуфта-Хъемултайы фæндаджы арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны аразджытæ кусынц проблемон фæндаг Гуфта–Къуайсайыл. Йæ фыццаг фадыг – Хъемултайы хъæуы онг - эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн иннæ аз.

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы хъæуы онг 13,3 дæргъæн фæндаджы арæзтад фæуыдзæн иу азы фæстæ æмæ слæудзæн 546 милуан сомы, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыттаты Эдуард.

Гуфта-Хъемулта у масштабон фæндаг Гуфта — Къуайсайы скъуыддзаг. Къуайса у республикæйы дыккаг горæт, ис æм тынг æвзæр фæндаг.

"Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг фæндаг аразынмæ æрæвнæлдтой апрелы æмбисы. Ныртæккæ аразджытæ цæттæ кæнынц асфальтæй æмбæрзынмæ. Фæндаджы ацы фадыгыл ис фондз хиды. Дыууæйыл дзы ныридæгæн æххæст цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзтадон æрмæджытæ куыддæр райсæм, афтæ æртыккагыл дæр райдайдзыстæм куыстытæ. Иннæ дыууæйы фæдыл та нырма арæзт цæуы проектон документаци", — загъта Гуыззыттаты Эдуард.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæзтады рæстæджы спайда кæндзысты ахæм æрмæджытæй, цæмæй фæфылдæр уа хидты эксплуатацийы рæстæг.

© Sputnik / Алексей КовалевГуфта-Хъемултайы фæндаджы арæзтад
Проблемный оползневый участок дороги Гуфта - Кемулта. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуфта-Хъемултайы фæндаджы арæзтад

Арæзтадон куыстытæ цы фӕндагыл цæуынц, уым ис афтæ хуыйнæг проблемон "лæбырд" фадыг. Æрцæугæ цъыфы зæйтæ халынц фæндаг æмæ хъыгдарынц автотранспортон змæлд. Раздæр дзы цы рæстæгмæ быцæутæ æвæрд уыд, уыдон нæ фæрæзтой цъыфы зæйты тых. Цалдæр азы размæ ам æвæрд æрцыд бетонæй быцæуон сис.

"Фæстаг хатт цъыфы зæй рацыд 2015 азы, уæд æй бетонæй сис баурæдта. Проектон институты техникон скъуыддзагмæ гæсгæ, ацы проблемон фадыгыл айгæрддзыстæм æртæ метр йæ диаметр кæмæн у, ахæм бетонæй трубæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг кæна уый уылты. Трубæ цæудзæн Леуахийы донмæ", — загъта комитеты сæргълæууæг.

Уый ныфс бавæрдта, ацы мадзæлттæ фадат кæй ратдзысты, цæмæй трассæйыл проблемæтæ мауал æвзæра.

Дзауы районы дӕрддзӕф хъӕутӕм аразынц ног фӕндӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы дӕрддзӕф хъӕутӕм аразынц ног фӕндӕгтӕ

Инвестпрограммæмæ гæсгæ, ног асфальтгонд фæндаг хъуамæ арæзт фæуа 2017 азы кæронмæ. Фæндаджы арæзтадыл кусынц бынæттонтӕ, сæйраджыдæр Къуайсайы цæрджытæ. Уыдон хуыздæр зонгæ сты фæндаджы проблемон бынæттимæ.

Ацы аз ма кæронмæ бахæццæ уыдзысты арæзтадон куыстытæ 10,8 километры дæргъæн Синагур- Карзманы фæндагыл. Ацы фæндаджы иумæйаг аргъ та у 375 мин сомы, æцæг ацы фæндаг асфальты бæсты æмбæрзт у хуыр æмæ змисæй.

Комитеты сæргълæууæджы ис ныфс, æмæ фæндаджы уавæрмæ куы уа æмбæлон зылд, уæд рæстæджы цыдимæ кæй нæ фехæлдзæн æмæ банысан кодта, Синагур, Къоз æмæ Карзманы цæрджытæй кæй райстой бузныджы ныхæстимæ фыстæджытæ.

Æвзæр фæндæгтæ сты дæрддзæф хъæуты бындурон проблемæтæй иу, уыдонимæ бирæ æзты дæргъы баст сты бирæ социалон проблæмæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0