Ленингоры банысан кодтой Уӕрӕсейы Арæнгæрон органты сырæзты 98 азы

© Sputnik / Диана КозаеваАрæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры
Арæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры поселокы культурæйы хæдзары цыппæрæмы уагъд æрцыд цытджын æмбырд, арæнхъахъхъæнджытæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты Арæнгæрон управленийы, районон администрацийы къухдариуæгад, арæнхъахъхъæнджыты бинонтæ æмæ поселочы цæрджытæ.

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Козаты Дианæ. Арæнхъахъхъæнæджы боны агъоммæ Хуссар Ирыстоны уæвæг УФ Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы дæлхайæдты уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ.

Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ профессионалон бæрæгбон нысан кæнынц æрвылаз дæр 28 майы. Ацы аз УФ Арæнгæрон органты сырæзтыл æххæст кæны 98 азы. Нырыккон Уæрæсейы Арæнхъахъхъæнæджы бон — 28 май — бæстæйы президент снысан кодта 1994 азы майы.

Ленингоры поселокы культурæйы хæдзары цыппæрæмы уагъд æрцыд цытджын æмбырд, арæнхъахъхъæнджытæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты Арæнгæрон управленийы, районон администрацийы къухдариуæгад, арæнхъахъхъæнджыты бинонтæ æмæ поселочы цæрджытæ.

"Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæн æфсад ныр 98 азы хъахъхъæнынц райгуырæн бæстæйы арæнты æдасдзинад. Æвдæм аз РХИ уæвæг УФ арӕнгӕрон управлени хъахъхъæны республикæйы арæнгæрон æдасдзинад. Ацы æзты мидæг бирæ арæзт æрцыд арæн бахъахъхъæнын æмæ хæрзарæзт кæныны фæдыл. Арæнхъахъхъæнджытæ намысджынæй сæххæст кодтой сæ разы æвæрд хæстæ. Æрмӕст ивгъуыд аз нысан æрцыд 400 барады ныхмæ цаутæ", — загъта йæ раныхасы Арæнгæрон управленийы инæлар-майор Валерий Меркурьев.

Уый загъта бузныг управленийы кусджытæн се ‘рвылбонон намысджын куысты тыххæй æмæ Ленингоры районы цæрджытæн та æмбарынад кæй æвдисынц сæ зын службæйы хъуыддаджы.

"Цыфæнды рæстæг дæр арæнхъахъхъæнджытæ рæстаг æмæ ныфсджынæй æххæст кодтой сæ хæс, æмæ мæ ис ныфс уыдон дарддæр дæр сæрæстырæй кæй хæсдзысты УФ арæнхъахъхъæнæджы ном", — загъта Меркурьев.

© Sputnik / Диана КозаеваАрæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры
Арæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Арæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры
© Sputnik / Диана КозаеваИнӕлар-майор Валерий Меркурьев
2/4
Инӕлар-майор Валерий Меркурьев
© Sputnik / Диана КозаеваУæлдай чи басгуыхт, уыцы арæнхъахъхъæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй
Уæлдай чи басгуыхт, уыцы арæнхъахъхъæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Уæлдай чи басгуыхт, уыцы арæнхъахъхъæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй
© Sputnik / Диана КозаеваЛенингоры сывæллæтты хæдзарæн та бакодтой лæвæрттæ
Ленингоры сывæллæтты хæдзарæн та бакодтой лæвæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Ленингоры сывæллæтты хæдзарæн та бакодтой лæвæрттæ
1/4
Арæнхъахъхъæнæджы бон Ленингоры
2/4
Инӕлар-майор Валерий Меркурьев
3/4
Уæлдай чи басгуыхт, уыцы арæнхъахъхъæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй
4/4
Ленингоры сывæллæтты хæдзарæн та бакодтой лæвæрттæ

Уæлдай чи басгуыхт, уыцы арæнхъахъхъæнджытæ сæ бæрзонд профессионализм æмæ архайды тыххæй хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæй æмæ арфæйы гæххæттытæй.

Хуссар Ирыстоны арæнтæ хъахъхъæныны хъуыддаджы се ‘ххуысы тыххæй ма хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты бынæттон администрацийы кусджытæн дæр.

Ленингоры сывæллæтты хæдзарæн та бакодтой лæвæрттæ. Ленингоры арӕнгӕрон хайады сæргълæууæджы хæдивæг Владимир Глуховскийы ныхæстæм гæсгæ, ацы сывæллæтты хæдзарæн æххуыс ссис хорз традици.

"Ныфс нæ ис, æмæ не ‘ххуыс кæй фæрогдæр кæндзæн уагдоны хъомылгæнинæгты цардуавæртæ", — банысан кодта уый.

Ленингоры уырыссаг скъолайы директор Чертхъоты Заремæ куыд загъта Sputnik, афтæмæй уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ районы сæ куыст куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ иудадзыг хъусдард здахынц сывæллæтты хъомыладмæ.

Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ сбæлвырд кодтой иууыл рæстдзæвинты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ сбæлвырд кодтой иууыл рæстдзæвинты

"Махæн дæр æмæ нæ сывæллæттæн дæр ацы куыст у тынг ахсджиаг æмæ пайдаджын. Уыдон нæм сæ хъус дарынц, фембæлынц скъоладзаутимæ, сывæллæттæн фæзыны царды нысан. Сæ куысты тыххæй дзургæйæ та банысан хъæуы уый, æмæ æнæ уыдонæй нæ цард уыдаид бирæ зындæр", — загъта директор.

Бæрæгбонон мадзæлттæ организаци кæныны хъуыддаджы хорзæхджын æрцыд уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы вокалон-инструменталон ансамбль "Гвардейский щит".

Цытджын æмбырд ахицæн бæрæгбонон концертæй, цыран сæ арæхстдзинад æвдыстой бынæттон сфæлдыстадон коллективтæ, арæнгæрон управлени æмæ 4-æм æфсæддон базæйы кусджытæ.

Уæрæсейаг арæнгæрон управленийы дæлхайадтæ Хуссар Ирыстонмæ баконд æрцыдысты 2009 азы 30 апрелы "РХИ паддзахадон арæн хъахъхъæныны фæдыл иумæйаг тыхты тыххæй" æмæхсæнадон бадзырды бындурыл.

Ивгъуыд период арæнгæрон органты райрæзты программæйы фæлгæтты, Арæнгæрон управлени бакодта стыр куыст Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны хæрзарæзтады фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0