Дзæуджыхъæуы донуадзæн системæ сыгъдæг кæнынмӕ ӕрӕвналдзысты 15 бригадæйы

© Sputnik / Аида ГагиеваТæрккъæвда Дзæуджыхъæуы
Тæрккъæвда Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Албегаты Барис бахæс кодта коммуналон службæтæн куыстмӕ ӕрӕвналын, цæмæй фидæны ахæм хабар мауал æрцæуа фæлхаттгонд.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Иры столицæйы коллекторон системæ ссыгъдæг кæнынмæ æввахс рæстæджы æрæвналдзысты 15 бригадæйы, банысан кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбырды рæстæджы, кæцы уыд нывонд тыхджын къæвда æруарды фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн.

Ацы бонты тæрккъæвдайы аххосагæй коллектортæ дон уадзыныл кæй нæ тых кодтой, уый фæстиуæгæн Дзæуджыхъæуы уынгтæ фестадысты цæугæдæттæ. Горæты центры змæлд ныллæууыд. Дæсгай машинæтæ байдзаг сты донæй.

Тæрккъæвда тыхджын ихуардимæ ныллæууын кодтой автомобилон змæлд Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы сæндидзыдта автомобилон змæлд, боныгъæды прогноз нæу хорз

Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, донуадзæн системæтæ фæстаг фондз азы не ‘рцыдысты сыгъдæг.

Рабадты рæстæджы, администрацийы сæргълæууæг Албегаты Барис бахæс кодта коммуналон службæтæн куыстмӕ ӕрӕвналын, цæмæй фидæны ахæм хабар мауал æрцæуа фæлхаттгонд.

"Алы бон дæр хъуамæ исон хыгъдлæвæрд, куыд цæуы сыгъдæг донуадзæн системæ. Ацæут алы уынгыл дæр æмæ мын метрæй метрмæ дæттут хыгъд, куыд цæуынц куыстытæ", — æрдомдта рабадты хайадисджытæй Албегаты Барис.

Муниципалон унитарон куыстуат "Владсток"-ы директор Герман Бадов куыд банысан кодта, афтæмæй æппæт системæ сыгъдæг кæныныл коммуналон службæтæ бахъæудзысты цалдæр мæйы.

"Проблемон бынæттæ рагæй зындгонд сты. Иуварс нæ цыдысты бирæ æзты дæргъы, уымæй дарддæр", — банысан кодта Бадов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, къуырисæры Цæгат Ирыстонмæ æрцæудзысты мæскуыйаг компанийы минæвæрттæ, кæцытӕ рамбылдтой тендер донуадзæн системæйы иууыл вазыгджындæр фадгуыттæ ссыгъдæг кæныны тыххæй.

"Уыдонимæ иумæ мах æркæндзыстæм æппæт системæ æмбæлон уагмæ", — банысан кодта "Владсток"-ы директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0