110 сӕрфӕджы vs Цхинвалы 35000 цӕрӕджы

© Sputnik / Фатимӕ ПлитыСӕрфӕг
Сӕрфӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хур нырма не ‘скӕсы, афтӕмӕй Цхинвалы уынгтӕ вӕййынц хӕрзӕфснайд. Республикӕйы сӕйраг горӕты сыгъдӕгдзинадыл ӕрвылбон дӕр кусынц 110 сӕрфӕджы, 40 уаргъæвæрæджы ӕмӕ хӕрзарӕзтады управленийы сӕрмагонд техникӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕгас Цхинвал куы бафынӕй ӕмӕ ныссабыр вӕййы, уӕд сӕрфджытӕ та рахизынц уынгтӕм ӕмӕ бавналынц сӕ куыстмӕ. Столицӕйы уынгтӕ ӕрвылбон дӕр ӕфснайынц 110 сӕрфӕджы, уыдонӕн сӕ зынгӕ хай — фӕсивӕд. Къӕвда ӕмӕ уазал боныгъӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ алы сӕрфӕг дӕр сӕумӕрайсоммӕ фӕтых вӕййы 30 мин квадратон метрыл.

Уыдон сӕ куыстмӕ бавналынц ӕхсӕв дыууӕ сахатыл ӕмӕ райсомы фондзмӕ горӕт ссыгъдӕг вӕййы бӕлӕсты сыфтӕрӕй ӕмӕ адӕм сӕ фӕстӕ цы бырон ныууадзынц, уымӕй.

Республикӕйы сӕйраг горӕты сыгъдӕгдзинадыл ӕрвылбон дӕр кусынц 110 сӕрфӕджы, 40 уаргъæвæрæджы ӕмӕ хӕрзарӕзтады управленийы сӕрмагонд техникӕ. Кусджытӕн сӕ зынгӕ хай — фӕсивӕд.

© Sputnik / Фатимӕ ПлитыХур нырма не ‘скӕсы, афтӕмӕй Цхинвалы уынгтӕ вӕййынц хӕрзӕфснайд
Дворники убирают улицы Цхинвала. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хур нырма не ‘скӕсы, афтӕмӕй Цхинвалы уынгтӕ вӕййынц хӕрзӕфснайд

Фӕстаг рӕстӕджыты Цхинвалы сӕрфӕджы куыст ссис популярон. Иуӕй хорз куыстмызд, аннӕмӕй та бирӕ сӕрибар рӕстӕг ӕлвасынц ацы куыстмӕ ӕвзонг адӕмы. Кӕд ӕхсӕв афыдӕбон кӕнынц, уӕд бонӕй та сӕ бинонтӕ ӕмӕ сабитимӕ ӕрвитынц сӕ рӕстӕг.

"Раздӕр куыстон сабидоны, райсомӕй изӕрмӕ уыдтӕн куысты ӕмӕ истон аст мин сомы мызд. Ис мын фондз ӕнахъом сабийы ӕмӕ мын ӕнӕхъусдард уыдысты боны дӕргъы. Ныр та мӕ мызд дӕр у хуыздӕр, стӕй ма райсомӕй-изӕрмӕ дӕн мӕ сывӕллӕттимӕ, ӕхсӕв та Хъайтарты уынгыл мӕ бӕрны цы фадыг ис, уый цӕхӕр скалын кӕнын ӕмӕ сӕрибар дӕн", — дзуры сӕрфӕг Зӕгъойты Ирина.

Сӕрфджытӕ хсӕн ис куыд бынтон ӕвзонг чызджытӕ, афтӕ ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Тедеты Наташа та архайы Сталины уынгы иу хайы сыгъдӕгдзинадыл. Уый ныр цалдӕр азы кусы сӕрфӕгӕй ӕмӕ тынг райгонд у йӕ куыстӕй.

Леуахийы былгӕрон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Баулӕфӕм… бырондоны

"Куыстытӕ иууылдӕр хорз сты, сӕрфӕджы куыст дӕр фӕстийӕ ницӕмӕй лӕууы. Бирӕ фӕкуыстон хуыйӕн фабрикӕйы, стӕй пенсийы рацыдтӕн. Фӕлӕ ӕгуыстӕй дӕр лӕг фӕлмӕцы, ам та мӕхи ирхӕфсын ӕмӕ адӕмӕн ӕфснайд къуымы рӕсугъддзинад лӕвар кӕнын. Ахӕм ӕфснайд бакӕнын мӕ фадыг ӕмӕ йыл минас кӕнын дӕр гӕнӕн вӕййы", — радзырдта Тедион.

Сӕрфджыты ӕмрӕнхъ ма сыгъдӕгдзинадыл тох кӕнынц Хӕрзарӕзтады управленийы уаргъӕвӕрджытӕ, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр — хӕрз ӕвзонг лӕппутӕ. Уыдонӕн та сӕ куыст райдайы 23:00 сахатӕй.

Управленийы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цхуырбаты Владимир йӕ кусджыты рӕвдздзинадӕй у райгонд ӕмӕ сӕ бузынг у, горӕты сыгъдӕгдзинад кӕй ӕрфысым ис, фӕлӕ ма сӕ ноджы бӕлиццагдӕр фӕстиуджытӕм ӕркӕндзӕн ӕртӕ рыгӕмбырдгӕнӕн машинӕ ӕмӕ адӕмы аудгӕ ахаст сыгъдӕгдзинадмӕ.

"Нӕ фыдӕбон нын цӕрджытӕ, хъыгагӕн, не ‘мбарынц. Ӕхсӕв иуӕндӕс сахатыл нӕ кусджытӕ бавналынц сӕ хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ. Фыццаг уынгтӕ ныссӕрфынц щеткæтӕй, стӕй сӕ ныхсынц. Фӕндӕгтӕ куы асур вӕййынц, уӕд та сӕ куыстмӕ бавналынц сӕрфджытӕ. Фӕлӕ та ӕмбисбонмӕ уынгтӕ быроны бын фӕвӕййынц", — банысан кодта управленийы хистӕр.

© Sputnik / Фатимӕ ПлитыЦхинвалы сыгъдӕгдзинадыл ӕрвылбон дӕр кусынц 110 сӕрфӕджы, 40 уаргъæвæрæджы ӕмӕ хӕрзарӕзтады управленийы сӕрмагонд техникӕ
Уборка улиц Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сыгъдӕгдзинадыл ӕрвылбон дӕр кусынц 110 сӕрфӕджы, 40 уаргъæвæрæджы ӕмӕ хӕрзарӕзтады управленийы сӕрмагонд техникӕ

Арӕх ма горӕты "цӕсгомджын" цӕрджытӕй бирӕтӕ фӕзивӕг кӕнынц сӕ бырон бырондӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнын ӕмӕ йӕ разыввытт кӕнынц куы машинӕйы рудзынгӕй, куы та балконӕй. Ӕмӕ горӕты сыгъдӕгдзинадыл цӕрджытӕ ӕмхуызонӕй куыннӕ тыхсой, уӕд ӕрмӕст хӕрзарӕзтадон комбинаты кусджытӕн сӕ бон ницы бауыдзӕн.

Уымӕ гӕсгӕ Цхуырбаты Владимир ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕнӕмбӕлон бынӕтты ма калой сӕ бырон, управленийы куыстӕн чысыл аргъ кӕной ӕмӕ аудой сӕ горӕты сыгъдӕгдзинадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0