Цхинвалы Текстилы районы сарӕзтой фӕлладуадзӕн сквер фонтанимӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦхинвалы Текстилы районы сарӕзтой фӕлладуадзӕн сквер фонтанимӕ
Цхинвалы Текстилы районы сарӕзтой фӕлладуадзӕн сквер фонтанимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Текстилы фӕсивӕд бахатыдысты республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй ацы бынаты арӕзт ӕрцӕуа сквер ӕмӕ сӕ куырдиат ӕнхъусдард нӕ баззад. Ныр хӕрзарӕзт скверы фонтаны цур ӕмбырд кӕнынц районы сабитӕ ӕмӕ фӕсивӕд.

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Цхинвалы, микрорайон Текстилы раздӕры цъыфдзӕстты бынаты сӕрӕзтой фӕлладуадзӕн сквер ӕмӕ фонтан скульптурон композициимӕ — ныр хӕстӕг уынгты сабитӕ ӕмӕ фӕсивӕд сӕ сӕрибар рӕстӕг ӕрвитынц ацы уындджын къуымы.

Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл аразынц сквер скульптурон композициимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртӕ ног скверы фонтантимӕ срӕсугъд кӕндзысты Цхинвалы уынгтӕ

"Раздӕр ам уыд цъыфдзаст, хур бон ын йӕ рыгӕй тыхстыстӕм, къӕвда бон та йӕ цъыфӕй. Ныр йӕ хуызӕй дӕр зӕрдӕ райы, нӕ сабиты та уырдыгӕй сӕ къах нал хӕссы", —радзырдта Sputnik районы цӕрӕг Ӕлборты Нанули.

Сквер сарӕзтой, Лермонтов ӕмӕ Революцийы уынгтӕ кӕм иу кӕнынц, уым. Йӕ цуры — спортивон фӕзуат ӕмӕ сабиты хъазӕн фӕз. Аразджыты фӕндмӕ гӕсгӕ, ам хъуамӕ нырма сӕвӕрой бандӕттӕ, ныссадзой дидинджытӕ.

"Текстилы фӕсивӕд бахатыдыстӕм ацы бынаты сквер саразынмӕ ӕмӕ стыр бузынгӕй баззадыстӕм республикӕйы разамынадӕй, нӕ куырдиат нын ӕнхъусдард кӕй нӕ ныууагътой. Нырма кӕронмӕ арӕзт нӕу, фӕстӕдӕр ноджы фӕрӕсугъддӕр уыдзӕн", — загъта районы цӕрӕг Тедеты Сослан.

© Sputnik / Фатима ПлитыСквер фонтанимӕ
Сквер фонтанимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сквер фонтанимӕ

Фонтаны скульптурон композицийы сӕрмӕ, аразджыты фӕндмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уыдаид стыр къӕй дур, фӕлӕ йӕ районы фӕсивӕд раппӕрсой.

"Тӕссаг уыд, уӕдта сывӕллӕттӕй искӕуыл рахауд ацы дур ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ райстам. Афтӕмӕй дӕр тыхджын аив у", — банысан кодта районы цӕрӕг.

Сквер ӕмӕ фонтан арӕзт цӕуынц президенты фонды финансон фӕрӕзтӕй. Фонтаны скульптурӕ сцӕттӕ кодта Бекъойты Алан.

Ахӕм сквертӕ ӕмӕ фонтантӕ ма Цхинвалы арӕзт цӕуынц ноджы дыууӕ районы дӕр — Мамсырайы фырты ӕмӕ Нӕузӕххонты уынгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0