Цæгат Ирыстоны ихуарды фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахауд дыууæ адæймаджы

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦæгат Ирыстоны ихуард
Цæгат Ирыстоны ихуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джызæл, Уæллаг Санибæ æмæ Дæллаг Санибæйы тыхджын ихуарды фӕстиуæгæн баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим. Æвзæр боныгъæды амæттаг баисты дыууæ адæймаджы, 300 хæдзары, хъусын кæны УУМ.

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны тыхджын ихуарды амæттаг баисты дыууæ адæймаджы, дарддæр цæуынц ликвидаци æрдзытыхы фæстиуджытæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы Сæйраг управлени.

Раздæр куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы Джызæл, Уæллаг Санибæ æмæ Дæллаг Санибæйы тыхджын ихуарды фæстиуæгæн баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим. Æвзæр боныгъæды амæттаг баис иу адæймаг, 300 хæдзары, 11 мин адæймджы аззадысты æнæ рухсæй.

"Горæт Дзæуджыхъæуы их бæлæсты къалиутæ кæй саста, уый фæстиуæгæн травмæтæ райстой дыууæ адæймаджы. Зианбаййафджытæн рæстæгыл бакондæуыд æххуыс", — банысан кодтой УУМ-ы.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦæгат Ирыстоны ихуард
Последствия града во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны ихуард

Уагдоны банысан кодтой, цæрджыты куырдиæттæм гæсгæ кæй ссыгъдæг кодтой донæй 20 сæрмагонд хæдзары ныккæндтæ, аластой 15 стыр бæласы. Уымæй дарддæр ма УУМ-ы кусджытæ Джызæлы хъæумæ баластой иу мин шиферы сыфы.

"Ныртæккæ горæт Дзæуджыхъæу æмæ Джызæлы хъæу æххæстæй ифтонг сты электрон рухсæй", — банысан кодтой УУМ-ы сæйраг управленийы.

Æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн Цæгат Ирыстоны баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим.

Ног хабӕртты лентӕ
0