Абхаз ссис ConIFA футболæй чемпионаты уæлахиздзау

© Sputnik / Томас ТхайцукАбхаз ссис ConIFA футболæй чемпионаты уæлахиздзау
Абхаз ссис ConIFA футболæй чемпионаты уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ConIFA-йы эгидæйы бын футболæй дунейы чемпионаты Абхаз æмæ Пенджабы æмбырдгæндты æхсæн финалон матч уагъд æрцыд столицæйон стадион "Динамо"-йы хуыцаубоны, 5 июны.

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Абхаз ссис ConIFA-йы эгидæйы бын футболæй дунейы чемпионаты уæлахиздзау, Пенджабы командæйы хуыцаубоны финалон матчы 6:5 хыгъдæй рамбулгæйæ, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Командæ финалмæ ахызт цыппар уæлахизимæ, иу хатт дæр нæ бауагъта пурти йæ къулдуæрттæм, афтæмæй та бакодта 14 голы. Абхазы æмбырдгонды голкипер Алексей Бондаренко алы матчы дæр æвдыста диссаджы хъазт æмæ иу хатт дæр нæ бауагъта йæ къулдуæрттæ исын.

Хъазты бындурон хай фæцис æмдыхæй, финалы уæлахиздауы хъысмæт аскъуыддзаг пенальтиты серийы, цыран фæуæлахиз Абхазы æмбырдгонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0