ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Тæрхондон банымадта аххосджыныл Сочийы сывæллон цы аквапарчыфæмард, уый раздæры кусæджы æмæ йын аскъуыддзаг кодта ивар бафидын æмæ ахæстоны 10 мæйы фæбадын, хъусын кæны Краснодары крайы Слестгæнæн комитеты сæйраг управлени.
Сочийы тæрхондон банымадта аххосджыныл базарадон-хиирхæфсæн центры раздæры кусæджы æртæаздзыд цæгатирыстойнаг чызджы амæлæты фæдыл.
Слестгæнæн органты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2015 азы 19 июны Сочийы базарадон-хиирхæфсæн центры аквапарчы æртæаздзыд чызг аззад æнæ аквапаркы кусджыты хъусдардæй æмæ ныххаудта бассейны, цы ран фæхуыдыг. Уыимæ иумæ аквапарчы куысты æдасдзинадмæ æмæ кусджыты нымæцмæ йæ хъус дардта операцион менеджер, уыцы бынаты та уæд куыста азымгонд сылгоймаг.
"Тæрхондон аскъуыддзаг кодта Хамитовайæн иумæйаг режимимæ колонийы 10 мæйы фæбадын æмæ 200 мин сомы ивар бафидын", — дзырдæуы хъусинаджы.
Бæлвырд цæуы, ацы мадзæлтты æмрæстæджы ма головон хъуыддаг кæй бакодтой сылгоймаджы къухдариуæггæнæджы ныхмæ, кæцы йæхи бааууон кодта слестгæнæн органтæй, фæлæ йæ 2016 азы марты æрцахстой Хъырымы территорийыл æмæ лæвæрд æрцыд Сочийы слестгæнджыты къухтæм. Йæ ныхмæ уголовон хъуыддаг æрвыст æрцыд тæрхондонмæ.