Едыс-Цхинвалы магистралон доны хӕтӕлы авари иуварс ӕрцыд

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæМагистралон доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалыл авари. Архивоно къам.
Магистралон доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалыл авари. Архивоно къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Райсом цыппар сахатӕй фӕстӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытӕ архайдтой авари аиуварс кӕныныл.

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Магистралон доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалыл иуварс ӕрцыд авари ӕмӕ дыццӕджы райсомӕй сног уыдзӕн Цхинвалы донӕй ифтонгад, фехъусын кодтой Sputnik мэрияйы пресс-службӕйы.

Хуыцаубоны Едыс-Цхинвалы магистралон доны хӕтӕлы ӕххуысгӕнӕн къалиу кӕй атыдта, уый аххосагӕн республикӕйы столицӕ къуырисӕры баззад ӕнӕ донӕй.

"Аварийы фӕстиуӕгӕн доны фӕстауӕрц зынгӕ фӕкъаддӕр ӕмӕ горӕтыл нал ӕххӕссыд. Райсом цыппар сахатӕй фӕстӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытӕ архайдтой авари аиуварс кӕныныл", — загъта пресс-службӕйы кусӕг Коцты Зӕринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлӕмхас хӕтӕл цалцӕг ӕрцыд ӕмӕ дыццӕджы райсомӕй сног уыдзӕн донӕй ифтонгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0