Хуссар Иры "насвай"-ы партиимæ æрцахстой Таджикистаны æмбæстаджы

© Пресс-служба КГБ"Насвай"-ы парти
Насвай-ы парти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ фӕткхалӕджы баурӕдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн паддзахадон арæны фадыгыл, уадзæн пункт "Рукъ"-ы.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ æрцахстой Таджикистаны 31-аздзыд æмбæстаджы, кæцы фæлвæрдта арæны сæрты рахизын "насвай"-ы партиимӕ, фехъусын кодта Sputnik ведомствӕйы пресс-службæ.

Ивгъуыд мӕйы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Узбекистаны 25-аздзыд ӕмбӕстаджы, кӕцы ӕнӕзакононӕй фӕнд кодта арӕны сӕрты рахизын. Басгӕрсты рӕстӕджы уымӕ дӕр разынд республикӕйы тобӕгонд "насвай"-ы парти.

Уадзæн пункт Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æрцахстой Узбекистаны æмбæстаджы "насвай"-ы партиимæ

"Таджикистаны ӕмбӕстаг фæлвæрдта арæны сæрты рахизын"насвай"-ы партиимӕ. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ йӕ баурӕдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн паддзахадон арæны фадыгыл, уадзæн пункт "Рукъ"-ы", — загъта ПӔК-ы кусӕг.

Ӕрфарсты фӕстӕ фӕткхалӕджы ӕмӕ йӕм цы буарад ссардтой, уыдон адӕттой паддзахадон таможнӕйы комитеты кусджытӕм дарддӕры басгӕрсты тыххӕй.

Марты Хуссар Ирыстоны парламент райста республикæйы территорийыл æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закъон.

Sputnik Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатт нæ аздæхта хъусдард ацы проблемæмæ. Агентады журналисттæ фарон сарæзтой контролон балхæд, уый фæстиуæгæн рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис базарадон объектты сæрибарæй балхæнын æууилгæ тамако "снюс". Сайт Sputnik-ыл цалдæр публикацийы фæстæ парламент фехъусын кодта, кæй фæнд кæнынц йæ реализаци æрæхгæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0