Нывгæнæг: Чехойты Аслан уыд æцæг патриот, аивады йын уыд бæрзонд эрудици

© Facebookравдыст "Ног музейы"
равдыст Ног музейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырисæры айхъуыст уæззау хабар - йæ цардæй ахицæн зынгæ коллекционер, бизнесмен æмæ петербургаг "Ног музей"-ы бындурæвæрæг, Уӕрӕсейы аивӕдты академийы премийы лауреат Чехойты Аслан.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Чехойты Аслан уыд йæ адæмы æцæг патриот, бæрзонд эрудици æмæ æнкъарæны хицау аивады, загъта дыццæджы Sputnik Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, ирон нывгæнæг Пухаты Вадим.

Ахицӕн йӕ цардӕй Петербурджы "Ног музей"-йы бындурӕвӕрӕг Чехойты Аслан

Къуырисæры айхъуыст, йæ цардæй кæй ахицæн зынгæ коллекционер, бизнесмен æмæ петербургаг "Ног музей"-ы бындурæвæрæг Чехойты Аслан.

"Хъыгзæрдæйæ сæмбæлдтæн ацы уæззау хабарыл. Базонгæ дæн йемæ 2013 азы, куы мæм æрбахатыд Санкт-Петербурджы "Ног музей"-ы ирон нывгæнджыты равдысты, проект "Окрыленный всадник"-ы хайад райсын. Йæ хъæппæрисы фæрцы рауад бæрзонд æмвæзадыл арæзт мадзал", — загъта Вадим.

Уый æрæмысыд, Ирыстонæй æрцæуæг нывгæнджыты къордмæ йын кæй уыд хъарм ахаст, æмæ уæд дæр уыд бæлвырд, куыд зынаргъ сты Асланæн ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ æвдисæг националон проекттæ.

"Уый уыд йæ бæстæйы æцæг патриот, аивады йын уыд бæрзонд эрудици æмæ æнкъарæн. Тынг зын у, ахæм адæм афтæ раджы куы фæхъæуынц не ‘хсæнæй", — бафтыдта нывгæнæг.

Чехойты Аслан уыд Уӕрӕсейы аивӕдты академийы кадджын академик.

Чехойты Иналы фырт Аслан райгуырд Цхинвалы 1965 азы. Каст фӕци Ленинграды фыццаг медицинон институт. 1990 азы онг куыста дохтырӕй, стӕй ахызт бизнесмӕ. Уӕд райдыдта коллекци кӕнын советон нонконформистстон аивад.

Ног хабӕртты лентӕ
0