ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы националон гвардийы 49-ӕм хицӕн оперативон бригадӕйы ӕфсӕддонтӕ ӕрӕвнӕлдтой Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕн ӕххуыс кӕнынмӕ тъӕрккъӕвда ӕмӕ ихуарды фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны хъуыддаджы, фехъусын кодта дыццӕджы гвардийы рӕстӕгмӕ информацион центр.
Хуыцаубоны Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ цалдӕр цӕрӕн пункты уыд тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ тыхджын ихуард. Джызæл, Уæллаг Санибæ æмæ Дæллаг Санибæйы баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим. Æвзæр боныгъæды амæттаг баисты 300 хæдзары, 11 мин адæймджы аззадысты æнæ рухсæй. Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахауд дыууæ адæймаджы.
"Цӕрджытӕ ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады органтӕн баххуыс кӕныны сӕраппонд Уӕрӕсейы националон гвардийы бригадӕты арӕзт ӕрцыд кусӕгон къордтӕ, кӕцытӕ ифтонг сты ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг инженерон техникӕ ӕмӕ инструменттӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ведомствӕйы информацимӕ гӕсгӕ, националон гвардийы ӕфсӕддонтӕ ӕфснайынц, ихуард ӕмӕ доны лӕсӕнтӕ сӕ фӕстӕ цы бырон ныууагътой, уый, ласынц, тыхдымгӕ цы бӕлӕстӕ ӕмӕ хӕдзӕртты агъуыстытӕ сӕфтыдта, уыдон.