Легендарон Мамсыраты Хадзы-Умарыл Мӕскуыйы сисдзысты киноныв

© Пресс-служба постпредства РСО-АланияМамсыраты Хадзы-Умары мысӕн бон Испанийы
Мамсыраты Хадзы-Умары мысӕн бон Испанийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Режиссертӕ равдисдзысты Советон цӕдисы хъайтар, инӕлар-булкъон Мамсыраты Хадзы-Умары хъӕбатырдзинӕдтӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Мӕскуыйы ист ӕрцӕудзӕн Испанийы мидӕггагон хӕсты райдайӕны 80 азы юбилейӕн нывондгонд документалон киноныв "Испайнаг дзӕнгӕрӕг", цыран равдисдзысты Советон Цӕдисы хъайтар, инӕлар-булкъон Мамсыраты Хадзы-Умар хъӕбатырдзинӕдтӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы президенты цур Цӕгат Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.

Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны

Мамсыраты Хадзы-Умар (1903 — 1968) хайад иста Испаны æмбæстагон хæсты, афтæ ма советон-финнаг æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном.

Испаны Мамсырайы фырты зоныц "булкъон Ксанти"-йæ, йӕ цардвӕндаг ӕмӕ хъӕбатырдзинӕдты бындурыл фыст ӕрцыд Эрнест Хемингуэйы уацмыс "По ком звонит колокол"ы сӕйраг хъайтары фӕлгонц.

"Хаджи-иу никуы ницы дзырдта йӕ хӕстон архӕйдтыты тыххӕй. Ӕрмӕст иунӕг адӕймагӕн бирӕ лӕгъстӕты фӕстӕ бантыст фӕхъусын инӕларӕй иу радзырд: дыууӕ изӕры Эрнест Хемингуэй фӕбадт йемӕ отель "Флорида"-йы ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уацмыс "По ком звонит колокол"-ы хъайтартӕй иу сарӕзта хъӕбатыр Хаджийы царды бындурыл", — мысы зынгӕ хӕстон кинооператор ӕмӕ Испаны хӕсты хайадисӕг Роман Кармен.

2015 азы февралы Испанийы горӕт Фуэнлабрадайы баконд æрцыд Мамсырайы фырты цырт, легендарон сгарæджы зæрдылдарæн бон та хаст æрцыд испайнаг горæты æрвылазон официалон мадзæлтты номхыгъдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0