Центр "Лидер"-ы разамонæг: Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты хуыздæр кусджытæ

© Пресс-служба парламента РЮОУФ саперты фембæлд Бибылты Анатолиимæ
УФ саперты фембæлд Бибылты Анатолиимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центр "Лидер"-ы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны минæтæй сыгъдæг кæныны фæдыл цы куыст цæуы, уый у серьезон, уæззау æмæ тасхæссæг адæймаджы æнæниздзинад æмæ цардæн.

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы хуыздæр кусджытæ, кæцытæ сараздзысты алцыппæтдæр, цæмæй эффективонæй сæххæст кæной сæ хӕс, загъта центры разамонæг Игорь Кутровский.

Уӕрӕсейаг сапертæ минæтæй ссыгъдæг кæндзысты 70 гектар фæзуат Хуссар Иры

УФ УУМ-ы специалисттæ къуырисæры æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, цы ран уадздзысты минæтæй сыгъдæг кæныны куыстытæ. Уыдон хъуамæ ссыгъдæг кæной минæтæй 70 га зæхх республикæйы цæрæн пунктты. Дыццæджы сапертæ фембæлдысты парламенты спикер, Хуссар Ирыстоны УУМ-ы раздæры сæргълæууæг Бибылты Анатолиимæ.

"Уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер" æмæ Ирыстонæн æнгом ахастытӕ ис. Æхсызгон нын уыд арæм æрцæуын, уымæн æмæ нæ къорды бирæтæ хайад истой 2008 азы августы хæстон архæйдтыты. Уымæй дарддæр ма, 2008 азы ам командировкæйы цы майор уыд, уый ракуырдта ирон чызджы", — загъта Кутровский.

Уый банысан кодта, сапертæ цы куыст кæнынц, уый кæй у серьезон, уæззау æмæ тасхæссæг адæймаджы æнæниздзинад æмæ цардæн. Кутровский ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты центр "Лидер"-ы хуыздæр кусджытæ.

"Мах нæ тыхтæ иууылдæр аздахдзыстæм, цæмæй ацы 80 боны мидæг минæтæй ссыгъдæг кæнæм куыд фылдæр территоритæ", — загъта уый.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны территоритæй бирæтæ абоны онг дæр кæй не ‘рцыдысты сыгъдæг минæтæй æмæ цæрджытæн сты тасхæссæг. Уый арвыста бузныджы ныхæстæ УУМ-ы къухдариуæгадæн ацы æххуысы тыххæй.

Фембæлды ма хайад райстой УФ æхсæнадæмон архайды департаменты минæвар Тихон Баздырев, минæтæй сыгъдæг кæныны фæдыл къорды командир Анатолий Савин.

Ног хабӕртты лентӕ
0