Уӕрӕсейаг сапертæ минæтæй ссыгъдæг кæндзысты 70 гектар фæзуат Хуссар Иры

© Sputnik / Максим Григорьев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг сапертæ Непалы
Уӕрӕсейаг сапертæ Непалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
30 адæймаджы - уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы кусджтæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ къуырисæры. Се сконды сты фæлтæрдджын пиротехниктæ, кинологтæ, робототехникон управленийы специалисттæ æмæ медицинон кусджытæ.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Уæрæсейы уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) специалисттæ æрæвнæлдтой Хуссар Ирыстоны территори хæстфæрæзтæ æмæ рæмудзæн æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ, кæцытæ баззадысты 90-æм æзты райдианы æмæ 2008 азы хæстон архæйдтыты фæстæ.

30 адæймаджы — уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы кусджтæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ къуырисæры. Се сконды сты фæлтæрдджын пиротехниктæ, кинологтæ, робототехникон управленийы специалисттæ æмæ медицинон кусджытæ.

УУМ-ы оперативон къорд "Лидер" æрæвналдзæн Хуссар Ир минæтæй ссыгъдæг кæнынмæ

"Абон уæрæсейаг специалисттæ бацæудзысты куыстыты бынатмæ — Прис æмæ Ереды хъæутæ. Уыдон хъуамæ ссыгъдæг кæной минæтæй 70 га зæхх. Уый у æрмæстдæр фыццаг этап, разæй нæм æнхъæлмæ кæсы егъау бæрц куыстытæ", — загъта Sputnik УУМ-ы сæргълæууæг Санахъоты Сергей.

УФ УУМ-ы сапертæ Хуссар Ирыстоны уыдзысты 80 боны.

Санахъоты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстытæ æххæст цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы президентты æхсæн бадзырдты бындурыл, УФ Æдасдзинады советы æххуысæй æмæ дыууæ бæстæты УУМ-ы æмгуыстадæй.

"Минæтæй сыгъдæг кæнын нын алыхаттдæр уыд приоритетон хæслæвæрд. Нæ территорийыл нырма дæр ис бирæ бынæттæ, цы ран баззад рæмудзæн æрмæджытæ æрмæст 2008 азæй нæ, фæлæ 1989-1992 æзты хæстон архæйдтыты фæстæ", — банысан кодта министр.

Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сапертæ исдзысты хайад ссардгонд рæмудзæн æрмæджытæ куынæг кæныны хъуыддаджы. Мадзæлтты ма хайад райсдзысты хуссарирыстойнаг медиктæ дæр.

Уӕрӕсейы УУМ къорд бакусдзӕн Хуссар Иры минӕтӕ ӕнӕзианхъом кӕныны нывӕзтыл

Хуссар Ирыстонмæ цы ирвæзынгæнджытæ æрцыдысты, уыдонæн ис егъау фæлтæрддзинад æрмæст Уæрæсейы территорийыл куысты нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Уымæй дарддæр ма, Центр "Лидер"-ы пиротехниктæ æрластой сæрмагонд робототехникон комплекс, цæй фæрцы фадат ис минæтæ агурын æмæ куынæг кæнын æдас дæрддзæгæй.

Ацы территоритыл, минæтæй сыгъдæг кæныны фæстæ, ауаддзысты хъæууонхæдзарадон куыстыты æххæст комплекс.

Йæ бындурæвæрдæй фæстæмæ, 21 азы мидæг Центры хисæрмагонд сконд ауагъта дыууæ минæй фылдæр ирвæзынгæнæн, гуманитарон æмæ сæрмагонд операцитæ. Уыдон рæстæджы фервæзын кодтой фондз мин адæймаджы, уæлвæткон уавæрты районтæй эвакуацигонд æрцыдысты æртæ минæй фылдæр лигъдæттæ, цæфтæ æмæ рынчынтæ. Дунейы æмæ бæстæйы æндæр æмæ æндæр регионтæм фæхæццæ кодтой 200 мин тоннæйы гуманитарон æххуыс, аиуварс æмæ скуынæг кодтой 100 мин рæмудзæн æрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0