ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женеваг дискусситы уынаффæ кæнынц уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг дывæрсыг ахастытыл нæ, фæлæ хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг æмæ абхазаг-гуырдзыстойнаг ахастытыл, загъта Sputnik РХИ президенты æххæстбарджын минæвар, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Женевæйы Джиоты Мурæт.
Фидыдад æмæ æмбæстагон æмбарады фарстыты фæдыл гуырдзыстойнаг министр Паата Закареишвилийы ныхæстæн, ома, "женеваг формат у уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг формат, цы ран уый нымæцы "уынæффæ кæнынц абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг тематикæйыл уæрæсейаг фарсимæ иумæ", æххæстбарджын минæвар сарæзта комментаритæ.
"Ахæм фидиуæнты ирдæй æвдыст цæуы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады политикон позици — нымадмæ ма исын, хуыз аразын, ома нæ уыныц политикон реалитæ — хæдбар паддзахадтæ, нымадмæ ма исын женеваг дискусситы нысан", — загъта æххæстбарджын минæвар.
Уый зæрдыл æрлæууын кодта, женеваг дискусситæ уагъд кæй цæуынц Уæрæсе æмæ Францы президентты æхсæн бадзырдтæм гæсгæ 2008 азӕй, Гуырдзыстоны, куыд агрессоры, афтæ тыхæй куы æркодтой сабырадмæ, уæдæй фæстæмæ.
Джиоты Мурæт ма банысан кодта, женеваг дискусситæ уагъд кæй цæуынц ацы бадзырдты 6 пунктмæ гæсгæ æмæ нывонд сты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинал бахъахъхъæныны фарстытæн. Ацы дискусситæ дих сты дыууæ кусæгон къордыл æмæ дзы ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.
Æххæстбарджын минæвар банысан кодта, дыууæ къорды дæр кæй уынаффæ кæнынц уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг дывæрсыг ахастытыл нæ, фæлæ хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг æмæ абхазаг-гуырдзыстойнаг ахастытыл.
"Закареишвилийы ныхæстæ та сты политикон конъюнктурæ, Закареишвили у хъуыддагзонæг политик æмæ йын æнæзонгæ нæу, цы фарстытæ скъуыддзаг цæуынц Женевæйы фембæлдты рæстæджы, уымæн æмæ цалдæр хатт иста хайад дискусситы. Нæ хъуыды кæнын æмæ йæ хæдивæг, кæцы иудадзыг хайад исы женеваг дискусситы, нæ бавдисы раст информаци министрæн", — банысан кодта Джиоты Мурæт.
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй Гуырдзыстон юридикон документ кæй нæ разы кæны бафыссын, уый та æххæстбарджын минæвар схуыдта Гуырдзыстоны политикæйы хай.