Абхаз нæ фæнд кæны референдум уадзын Хуссар Иры дӕнцӕгмӕ гæсгæ

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæАбхаз
Абхаз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды фарсты фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл цы референдум уагъд хъуамæ æрцæуа, уымæн комментаритæ аразгæйæ, абхазаг премьер-министр Артур Миквабия фехъусын кодта, Сухум кæй нæ ацæудзæн ацы фæндагыл, уымæн æмæ "Абхаз у æндæр истори".

"Цхинвалы мотивтæ æмбæрстгонд сты. Ирæттæ сты дихгонд, сæ иу хай цæры Уæрæсейы, иннæ та Хуссар Иры. Уымæ гæсгæ сæ фæнды æмæ баиу уой. Махмæ та æндæр уавæр ис. Мах фæнды сæрибар паддзахадӕй уӕвын æмæ уыимæ иумæ Стыр Уæривгъуыд æнусы 90-æм æзтысейы æууæнкджын æмцæдисон. Мах стæм аккаг нæ хæдбардзинадæн, уымæн раттой сæ цард мингай абхазаг чызджытæ æмæ лæппутæ", — загъта абхазаг премьер йæ интервьюйы РИА Новости.

Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды фарсты фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы, æмбæлон куырдиат бафыстой президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

РХИ хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Референдум хаст æрцыд 2017 азмæ

Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз сæ хæдбардзинад Гуырдзыстонæй расидтысты ивгъуыд æнусы 90-æм æзты, Цхинвалы ныхмæ Тбилисы хотыхджын агрессийы фæстæ. Уæрæсе банымадта республикæты суверенинет 2008 азы 26 августы. Мæскуыйы иу æмæ дыууæ хатт нæ банысан кодтой, ацы скъуыддзаг кæй бæлвырд кæны ныры реалитæ æмæ ивд не рцæудзæн.

Уæрæсейæ дарддæр ма, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой ООН-ы бæстæ-уæнгтæй æртæйæ: Венесуэлæ, Никарагуа æмæ Науру. Регионтæ ма дипломатон ахастытæ сфидар кодтой Хæххон Къарабахимæ, Днестргæрон æмæ Донецкаг адæмон республикæимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0