ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Тæрккъæвдатæ ӕмӕ ихуард нал тыхсын кæндзысты Цæгат Кавказы æрмæстдæр июлы æмбисы æмæ регионы цæрджытæ ногӕй бавзардзысты, цы у æнтæф, фехъусын кодта РИА Новости Ростовы Гидрометцентры сæргълæууæг Наталья Самолетова.
"Хуссайраг адӕм цы æнтæф сæрдыл ахуыр сты, уый нырма не ‘рлæууыд. Фæлæ æввахс рæстæджы боныгъæд фæсурдæр уыдзæн, сæрды дыккаг æмбисы — августы фыццаг æмбисы боныгъæд фæфидардæр уыдзæн, фӕхъарм уыдзӕн, фæлæ къæвдатæ уæддæр уыдзысты", — банысан кодта Самолетова.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, июлы дæлдзырæтты нымæц уыдзæн нормæйæ къаддæр. Фæлæ Цæгат Кавказы хæхты æмæ хохрæбынты боныгъæд нæ уыдзæн фидар — июнь æмæ июлы гæнæн ис æмæ уарой къæвдатæ, фæлæ къаддæр нымæцы.
"Июны мæймæ прогнозтæм гæсгæ, æввахс бон быдырон хайыл нæ уыдзæн къæвдатæ, хæхты та уардзæн. Июны дыккаг декадæйы райдианы уыдзæн къæвдатæ быдырон æмæ хæххон территоритыл дæр, декадæйы æмбис — 12-15 июны уыдзæн æнæ дæлдзырæттæй. Уый фæстæ дыууæ боны къæвда уардзæн алы территорийыл дæр. Декадæйы кæрон къæвдатæ сæ уарынæй æрлæудзысты быдырон территорийыл, хæхты та адарддæр уыдзысты", — банысан кодта Самолетова.
Уый ма бафтыдта, æртыккаг декадæйы кӕй ныллæудзæн хорз боныгъæд. Регионы хæххон бынæтты дæр фæхъармдæр уыдзæн. Июны кæрон къæвда бонтæ радыгай ивдзысты æнтæф бонты. Сæрды дыккаг æмбисы та уыдзæн фидар боныгъæд æнæ дæлдзырæттæ.