Горæты цад цæттæ кæнынц найæн сезонмæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горæты мэрияйы ныфс æвæрынц, коммуналон службæтæ горæты цады куыстытæ кæй сæххæст кæндзысты дæс боны æмгъуыдмæ æмæ найæн сезон кæдæй-уæдæй байгом уыдзæн.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Горæты хицæуттæ цæттæ кæнынц Цхинвалы цад найæн сезонмæ. Паддзахадон унитарон куыстуат "Мелиорация"-йы кусджытæ ныридæгæн сыгъдæг кæнынц, цадмæ дон цы каналыл цæуы, уый, цады алфамблай территори дæр æрцæудзæн хæрзарæзт, фехъусын кодтой мэрияйы пресс-службæйы.

Горæты цад у цæрджыты уарзон бынат. Раздæр-иу сæрдыгон рæстæг ам уагъд цыдысты ерыстæ ленк кæнынæй. Фæстæдæр цад дæр æмæ йæ алыварс территори дæр лæвæрд ӕрцыд арендæйы, фæлæ уыдон рохуаты ныууагътой донуат. Ивгъуыд аз Цхинвалы хицауад йæхæдæг æрæвнæлдта горæты цады хæрзарæзтмæ.

"Цадмæ æвахс уынгтыл дæлзæхх коммуникацитæ кæй цалцæг кодтой æмæ ивтой, уый аххосагæй дæргъвæтин рæстæг фадат нæ уыд донуат ныссыгъдæг кæнын æмæ йæ найæн сезонмæ бацæттæ кæнынӕн", — загъта мэрияйы пресс-службæйы кусæг Коцты Зӕринæ.

Донуат тынг счъизи ис, байдзаг быронæй — йæ смаг æнхъæвзта дардыл. Арæх дæлзæхх коммуникациты æвзарæнтæ хæццæ кодтой донимæ. Уымæ гæсгæ республикон санэпидстанц цады доны гъæд басгарыны фæстæ фæдзæхста горæты цæрджыты, цæмæй сæхи бахизой уым найынæй.

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы цад
Озеро в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цад

Ныр "Мелиорация"-йы кусджытæ сыгъдæг кæнынц цадмæ дон цы каналыл цæуы, уый. Уый æмрæстæджы, коммуналон службæтæ ныссыгъдæг кодтой донуатæн йæхи æмæ йæ алфамбылай бырæттæй, кæцытæн сæ фылдæр ам калынц æввахс æвæрд хæдзæртты æдзæсгом цæрджытæ.

"Бынаты кусы техникæйы цалдæр иуæджы. Уымæй дарддæр ма, цады алыварс территори сыгъдæг æрцæудзæн быронæй, фæзындзæн дзы ног бандæттæ æмæ урнæтæ. Раздæр дзы æвæрд æрцыдысты рухсытæ", — банысан кодта Коцты Зӕринæ.

Горæты территори ма у æнæниз цардуагыл хӕцджыты уарзон бынат. Сæумæрайсомæй æмæ изæрæй ам дæсгай горæты цæрджытæ рацæуынц лидзынмæ. Уымæ гæсгæ цады алыварс асфальт бамбæрздзысты сырх змисæй, цæмæй дзы уа æнцон лидзын æмæ тезгъо кæнын.

Эрцъойы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Новокузнецкаг бӕлццӕттӕ ӕрцӕудзысты Эрцъойы цадмӕ

Цадмæ автомобилон бацæуæнтæ æхгæд сты фæлындæн æмбондтæй, цæмæй дзы цӕрджытӕ ма æхсой сæ машинæтæ.

Цхинвайлæгты ныфс ис æмæ æввахс рæстæджы сæ уарзон фæлладуадзæн бынат ногæй кæй уыдзæн сыгъдæг æмæ хæрзуынд, донуаты та ныннайæн уыдзæн æдасæй.

"Цæрæнбонты цæрын цады цур. Алы изæр дæр мæ сыхæгтимæ æрвыстам ам — тезгъо кæнгæйæ, кæнæ та бандæттыл улæфгæйæ. Фæлæ дæргъвæтин рæстæг бирæ бырæтты æмæ дзы машинæтæ кæй æхсадтой, уый тыххæй нæ нæ къах нал хаста ардæм, мæ сывæллæтты дæр нал уагътон ам найын. Ныфс мæ бацыд, ныр та ам кæй æмбырд кæндзысты адæм æмæ дзы сывæллæттæн кæй фæзындзæн исты аттракционтæ", — дзуры Цхуырбаты Ингæ.

Куыстытæ иууылдæр куы æрцæуой æххæст, уæд санепидстанц басгардзæн доны гъæды бæрæггæнæнтæ æмæ рахæсдзæн йæ "вердикт".

Мэрияйы ныфс æвæрынц, коммуналон службæтæ горæты цады куыстытæ кæй сæххæст кæндзысты дæс боны æмгъуыдмæ.

Горæты хицæуттæ ма скъуыддзаг кæнынц ирвæзынгæнæн службæ саразыны фарст дæр, цы ран кусдзысты сæрмагонд инструктаж рацæугæ фæлтæрдджын адæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0