РХИ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ райсдзысты ног æфсæддон билеттæ

© Sputnik / Ада БагианХъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ
Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ æмæ РХИ хъахъхъæнынады ведомствӕты æхсæн уæлæмхас бадзырдтæ бафыссыны фæстæ, хуссарирыстойнаг документтæ нымадмæ ист цæудзысты Уæрæсейы дæр.

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хусар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрад райдайдзæн службæгæнджытæн æфсæддон билетты ног хуызæгтæ дæттын, раздæр ацы документы бæсты лæвæрд цыд хуссарирыстойнаг гарзджын тыхты рæнхъыты æфæддон службæ рацыды фæдыл рæстæгмæ бӕрӕггӕххӕтт, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

"Ног æфсæддон билеттæ нымадмæ ист цæудзысты Уæрæсейы территорийыл дæр. Уыцы хъуыддаг йæ тыхы бацæудзæн УФ æмæ РХИ хъахъхъæнынады ведомствӕты æхсæн интеграци æмæ æмцæдисады фæдыл бадзырды фæлгæтты уæлæмхас бадзырдтæ бафыссыны фæстæ", — банысан кодта пресс-службæйы минæвар.

Контрактон службæгæнджытæн фиддзысты мызд сæ куыстæй ацыды фæстæ ноджы иу аз

Хъахъхъæнынады министрады хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы бардзырдмæ гæсгæ, хъахъхъæнынады министрады службæтæ ныридæгæн æрæвнæлдтой документ аразынмæ.

"Раздæр хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæн æфсæддон билеты бæсты æфсæддон службæ рацыды фæдыл лæвæрд цыд æмнысаниуæг, фæлæ рæстæгмæ документ. Документы æмгъуыд уыд иу аз, уый фæстæ йæ хъуыд адарддæр кæнын. Рæстæгмæ документæн нæ уыд тых УФ территорийыл", — банысан кодтой Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Афтæ ма куыст цæуы æфсæддон билетты фæдыл Уагæвæрдыл, кæцы æрцæудзæн фидар хицауады уынаффæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0