Цӕгат Иры УУМ: Транскамыл 30 машинӕйӕ фылдӕр нӕй

© Sputnik / Екатерина ВалиеваТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕлццӕттӕй иуы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаджы цӕгатирыстойнаг хайыл ӕрӕмбырд 300 машинӕйӕ фылдӕр. Цӕгат Ирыстон уӕлвӕткон уавӕрты министрады та фехъусын кодтой, машинӕтӕ кӕй сты дӕс хатты къаддӕр.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстон уӕлвӕткон уавӕрты министрад мӕнгыл банымадта информаци 300 машинӕйы тыххӕй, кӕцытӕ ӕрымбырд сты Транскамы цӕгаттаг фадыгыл.

Транскамыл цъыфы зæйты æрцыды аххосæй æрæмбырд 300 машинæйæ фылдæр

Транскавказы автомагистралыл дуры зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæй у, уый тыххæй фæндаг æрцыд æхгæд цыппæрæмы æхсæвы. Бӕлццӕттӕй иуы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаджы цӕгатирыстойнаг хайыл ӕрӕмбырд 300 машинӕйӕ фылдӕр, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц трассӕйы байгоммӕ.

"Уый раст нӕу, Буроны ныртӕккӕ 30 машинӕйӕ фылдӕр нӕй", — загъта Sputnik Цӕгат Ирыстон уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы къухдариуӕггӕнӕг Юлия Старченко.

Уый ма банысан кодта, фӕндагон службӕтӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ кӕй сыгъдӕг кӕнын фӕндаг дуртӕй ӕмӕ цъыфы зӕйтӕй ӕмӕ абон фӕндагон змӕлд байгом уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0