Пан Ги Мун ПÆЭФы: æрмæстдæр нын иумæйагæй бантысдзæн ацы дуне фæхуыздæр кæнын

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæООН-ы генералон секретарь Пан Ги Мун
ООН-ы генералон секретарь Пан Ги Мун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПÆЭФ ссис æппæт дунейы алы къуымтæй, уый нымæцы Хусар Ирæй политикты æмæ амалхъом æмцæдисады минæвæртты фембæлды фæзуат.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Санкт-Петербурджы йæ куыст райдыдта юбилейон XX Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум (ПÆЭФ).

Форум райдыдта ООН-ы генералон секретарь Пан Ги Муны раныхасæй.

ПÆЭФ-ы хайадист - Хуссар Ирæн инвестортимæ бастдзинæдтæ сфидар кæныны фадат

"Тынг æхсызгон мын ахæм рæсугъд горæты февзæрын. Мах æрæмбырд стæм тынг ахсджиаг рæстæг, æппæт дунейы адæм куы мæсты кæнынц, тæссаг рæстæг кæй цæрæм, уымæй. Уый æвдисæйнагæн дунейон политиктæн бантыст бирæ къабазты бадзырдтæ саразын. Мах æвзарæм æвзæр рæстæджытæ, фæлæ нæ разы ис бирæ ног фадæттæ æмæ æрмæстдæр иумæйагæй куы кусæм, уæд нын бантысдзæн ацы дуне фæхуыздæр кæнын", — загъта Пан Ги Мун.

Форумы хайадисты тыххæй бузныджы ныхæстæ загътой Европæйаг къамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер æмæ Гвинейаг республикæйы президент Альфа Конде. Фæстаг банысан кодта, зæгъгæ, кæд форумы йæ хайадист фæцис критикæйы бын, "уæддæр райгонд кæй у йе 'рцыдæй, æвронг хъуыдымæ гæсгæ хъæуы Уæрæсеимæ ахастытæ фидар кæнын".

Сæумæрайсом, официалон байгомы агъоммæ, алыгъуызон секциты цыдысты уынаффæтæ Уæрæсе æмæ Стыр Британийы ахастыты, евразиаг экономикон цæдисы иумæйаг экономикон тыгъдады æмæ уæрæсейаг регионты экономикон райрæзты фæдыл.

Иууыл фылдæр хайадисджытæ æрæмбырд кодта Францы экс-президент Николя Саркози кæм ныхас кодта, уыцы зал. Æцæг бирæтæ нæдæр хъуыстой, цы дзырдта уымæ, æрмæстдæр истой зынгæ политикы мобилон телефоны камерæйæ.

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæПÆЭФы официалон баконд
Председатель совета фонда Центра стратегических разработок Алексей Кудрин, министр финансов Антон Силуанов, глава ЦБ Эльвира Набиуллина - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПÆЭФы официалон баконд

Форумы бирæнымæц уазджыты æхсæн уыд хуссарирыстойнаг делегаци дæр.

Республикæйы финансты министр Хæбæлаты Азæ хайад райста макроэкономикон политикæйы райрæзты стратегийы уынаффæты, æмæ банысан кодта, йæ бон кæй нæу ахæм бæрзонд классы специалистты æмæ зынгæ уæрæсейаг политикты, куыд Уæрæсейы президенты цур экономикон советы сæргълæууæджы хæдивæг Алексей Кудрины, Уæрæсейы Централон банчы сæргълæууæг Эльвирæ Набиуллинайы æмæ УФ финансты министр Антон Силуановы раныхæстæ рауадзын.

Делегацийы сконды ма сты РХИ экономикон райрӕзты министр Зӕгъойты Вильям ӕмӕ республикӕйы минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.

Сӕрмагонд коммуникацион фӕзуатыл ӕвдыст цӕуынц сӕдӕйӕ фылдӕр перспективон уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг инвестицион проекттӕ арӕзтад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадгуыты. Проекттӕ иууылдӕр ӕвдисынц уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг компаниты фӕрӕзтӕ алыгъуызон ӕмвӕзады бизнес-нысӕнтты скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы.

Диссаджы цъӕхдзаст нано-робот аныхӕстӕ кодта Sputnik уацхӕссӕгимӕ, афарста йӕ, кӕцы сахат у, стӕй йын йӕ гуыбыныл цы лыггаг уыд, уырдыгӕй ралвӕста йӕ къам — робот ӕй систа, цалынмӕ уахцӕссӕг йемӕ ныхӕстӕ кодта, уӕдмӕ.

© Sputnik / Мария КотаеваРоботимæ селфи
Селфи с роботом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Роботимæ селфи

Политикты, бизнесменты ӕмӕ эскпертты ралӕудтӕ конгресс-залтӕй иууылдӕр трансляци цӕуынц стыр пресс-центры, кӕцыйы ис ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз массон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕн.

Ацы форум ссис рекордон фӕсарӕйнаг уазджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ — 500 фӕсарӕйнаг компани, 10 мин хайадисӕджы. Форумы девиз — "Ног экономикон ӕцӕгдзинады къӕсӕрыл".

Журналистты нымӕц дӕр у рекордон — дунейы 46 бӕстӕйӕ 2,6 мин адӕймаджы, уыдонӕй 485 репортеры сты фӕсарӕйнаг массон информацийы фӕрӕзтӕй. Иууыл фылдӕр куырдиӕттӕ ӕрбарвыстой Британи, АИШ, Германи, Китай, Япони ӕмӕ Казахстанӕй. Ӕртӕ бонмӕ журналисттӕ хъуамӕ адӕмӕн фехъусын кӕной 100 фылдӕр мадзалы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0