Уæрæсейаг æфсæддонтæ кæм фæмард сты, уыцы бынаты Хуссар Иры сæвæрдзысты цырт

© Пресс-служба президентаАварийы бынат
Аварийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид æмæ Рашид Нургалиев бацыдысты аварийы бынатмæ æмæ дзы сæвæрдтой дидинтæ. Трагедийы бынаты ныридæгæн æвæрд æрцыд фæйнæг фæмардуæвæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты номарынæн.

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны автокатастрофæйы фæмардуæвæг æфсæддон службæгæнджытæн сæвæрдзысты цырт трагедийы бынаты, Цхинвал-Ленингоры трассæйыл.

Автокатастрофæ æрцыд 19 майы райсомæй Цхинвал — Ленингоры трассæйы 30-ӕм километрыл, Гореты хъӕумӕ хӕстӕг. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтимæ автобус ахаудта дӕлбыл ӕмӕ сӕмбӕлд бетонӕй ӕмбондыл. Автокатастрофæйы фæмард æхсæз офицеры, 16 адæймагæй фылдæр фесты уӕззау цæфтæ.

Аварийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны аварийы фæмард æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ

Президент Тыбылты Леонид æмæ УФ Æдасдзинады советы сæргълæууæджы хæдивæг Рашид Нургалиев бацыдысты аварийы бынатмæ æмæ сæвæрдтой дидинтæ трагедийы бынатмæ, цыран ныридæгæн æвæрд æрцыд фæйнæг фæмардуæвæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты номарынæн.

"Ацы трассæйыл ма хъуамæ æрцыдаид трагеди, фæлæ дзы уыд бынат адæймагадон факторæн æмæ æнæрæвдз техникæйæн. Уыцы бон республикон структурæтæ иууылдæр сæ тыхтæ аздæхтой зианбаййафджытæн æххуыс бакæнынæн, медиктæ бынаты арæзтой операцитæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, кæй радта сæрмагонд бардзырд, цæмæй æнамонд цауы бынаты æвæрд æрцæуа обелиск хъайтартæн, кæцытæй бирæтæ хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстон.

Нургалиев загъта бызныг, уыцы бон чидæриддæр æрцыд æххуысмæ уæрæсейаг æфсæддонтæм, уыдонæн.

"Трагедийы бон æз фæдзырдтон Уæрæсейы Гарзджын тыхты Генералон штабы сæргълæууæг Валерий Герасимовмæ æмæ йæ бафарстон, цы æххуыс сæ хъæуы. Уый загъта, ирон адæм кæй бакодта æппæт æнæмæнгхъæуæг æххуыс. Бузныг уæ оперативон куысты тыххæй. Ацы лæппутæ цыдысты сæ службæйон куыст æххæст кæнынмæ — ахуыртæм. Афтæ рауад æмæ ныр уыдон баззадысты æрмæстдæр нæ зæрдæты", — загъта уый.

УФ Хъахъхъæнынады министрады зонæнтæм гæсгæ, катастрофæйы аххосæг ссис автобусæн кæй ахицæн йæ уромӕн системæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0