Интернат куыд райгуырӕн къуым. Фӕлӕ дарддӕр та цы?..

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы скъола-интернат
Цхинвалы скъола-интернат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сидзӕр сывӕллӕтты фатертӕй сифтонг кӕныны фадат республикӕйы нырма нӕй. Ӕрмӕстдӕр интернаты иу рауагъдон райста хӕдзар фӕстаг ӕзты. Ацы уавӕры ныфс ис ӕрмӕстдӕр ӕххуысхъом ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмӕй, кӕцытӕ нӕ ахиздзысты сидзӕр сывӕллӕтты иуварс.

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы скъола-интернаты ӕппынӕдзух цӕры ӕртӕ ахуырдзауы. Иринӕ, Сюзанна ӕмӕ Герсан аззадысты адунейыл иунӕгӕй, стӕм хатт сӕ абӕрӕг кӕныц, чи ма сын ис хӕстӕджытӕ, уыдон — кӕмӕн мады хотӕ, кӕмӕн дадатӕ. Ацы ӕрыгой фӕсивӕдӕн скъола ссис сӕ хӕдзар, йӕ кусджытӕ — сӕ бинонтӕ, царды цӕлхдуртыл хизынӕн та ӕххуысмӕ сидынц ӕрмӕстдӕр сӕхи тых ӕмӕ хъарумӕ.

Интернаты разамынад сӕрыстыр сты Иринӕйӕ, чызг ахуыр кӕны хорз нысӕнттыл, ис ын хӕдӕфсӕрм уагахаст ӕмӕ рӕсугъд фӕндтӕ. Интернаты уый ис ныр цалдӕр азы дӕргъы — фыд амард, йӕ ныййарӕгимӕ та йӕ ахастытӕ ӕндыгъд сты, чызг ахӕм цардӕй сфӕлмӕцыд ӕмӕ ӕрцард ам, скъолайы хъомылгӕнджыты та хоны йӕ иууыл ӕввахсдӕр адӕм.

Иринӕ ма ӕмрӕстӕджы ахуыр кӕны медицинон ахуыргӕндоны дӕр, сӕрды улӕфтыты рӕстӕджы та кусы кафе "Vincenzo"-йы. Ӕрыгон чызг бӕллы фидӕны стоматолог суӕвын, саразын стыр хӕдзар ӕмӕ стыр бинотӕ, цыран ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕты ‘хсӕн паддзахиуад кӕндзысты уарзт ӕмӕ ӕмбарынад.

Ленингоры сывæллæтты хæдзар: иунæг ӕнӕхъӕн республикæйы

Йӕхицӕн йӕ ныййарӕгимӕ йӕ ахастытӕ цӕмӕннӕ нывыл кӕныныц, ууыл ныхас кӕнын Иринӕ нӕ уарзы.

"Фӕнды мӕ стыр хӕдзар ӕмӕ стыр бинонтӕ скӕнын, бӕллын авд сывӕллонмӕ ӕмӕ адджын бинонты цардмӕ. Фӕлӕ уал фыццаг рады хъуамӕ скӕнон бынтӕ, стӕй та бинонты мӕт ӕркӕндзынӕн. Ныртӕккӕ уал мӕ бинонтӕ, мӕ иууыл ӕввахсдӕр адӕм сты мӕ ахуыргӕнджытӕ Цъӕхилты Зарина ӕмӕ Тедеты Ванда", — дзуы уый.

Иринӕ йӕхи зын цардмӕ гӕсгӕ тынг тӕригъӕд кӕны сидзӕр сывӕллӕттӕн, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕллы, цӕмӕй адунейы алы сабийӕн дӕр уа бинонтӕ, чи сӕ уарза ӕмӕ кӕй уарзой, ахӕм адӕм.

Сюзаннайы дӕр, хъыгагӕн, бынтон ӕнахъомӕй бахъуыд царды зындзинӕдтыл сӕмбӕлын. Уӕззауӕй цыдысты йӕ сабионтӕ. Чысыл чызгӕн йӕ мад куыста сӕрфӕгӕй, арӕх рынчынтӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ-иу Сюзанна йӕ мады къух фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй рацыд йемӕ уынгтӕ сӕрфынмӕ ӕхсӕв. Сӕ мӕгуырдзинӕдтӕ сын цыма фаг нӕ уыдысты, уыййау 2014 азы мад бынтон ӕрхауд, чысыл ма ацард уатонӕй ӕмӕ уый ахицӕн йӕ цардӕй. Уый адыл ныппырх сты бинонтӕ — Сюзанна бахауд интернатмӕ, йӕ дада — зӕрӕдты хӕдзармӕ, фыд кусы уаргъæвæрæгӕй. Царды зындзинӕдтӕ нӕ ныссастой ӕрыгон чызджы, ӕппынӕдзух ын кӕд ӕнкъард цӕстӕнгас ис, уӕддӕр дунемӕ не ‘схъыг.

"Мӕ мад рынчындоны куы хуыссыд, уӕд ӕй хъуыды кӕнын, ӕмӕ-иу медицинон кусджытӕй бирӕтӕ рынчынтыл буцтӕ кодтой, уыдис сын ӕнӕввӕрсон ахаст, цыма сын сӕ низтӕ фаг нӕ уыдысты. Уӕд аскъуыддзаг кодтон медицион хо суӕвын ӕмӕ дзырд дӕттын, алыхатт дӕр мын рынчынтӕм кӕй уыдзӕн хорз ахаст", — радзырдта йӕ пълӕнттӕ Сюзанна.

Уый интернаты цардӕй у райгонд, ам ссардта хӕлӕрттӕ, ӕввахс адӕм, кӕцытӕ йын уӕззау рӕстӕджыты уыдысты ныфс ӕмӕ ӕххуыс.

Вячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй сывӕллӕтты радта Интернатмӕ, фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йӕхицӕй хуыздӕр сӕм кӕй ничи фӕкӕсдзӕн. Фыды уарзондзинад та сын ничи баивдзӕн. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕйрагдӕр – цӕмӕй бинонтӕ уой иумӕ

Герсаныл цӕуы цыппӕрдӕс азы. Лӕппуйӕн йӕ проблемӕтӕ райдыдтой йӕ райгуырдӕй. Йӕ мад ӕй кӕй ныййардта, уымӕй йӕ хъӕбулы раз йӕ хӕс "сӕххӕст" кодта ӕмӕ йӕ ныууагъта уӕзӕджы къӕйыл. Герсан ныййарджыты, бинонты ад нӕ зоны, йӕхи куы хъуыды кӕны, уӕдӕй нырмӕ йӕ хӕдзар у интернат, йӕ бинонтӕ та скъолайы кусджытӕ.

"Ӕртӕ азмӕ ӕввахс ыл куы цыд, уӕд сывӕллоны, йӕ амондӕн, ӕрдӕгмардӕй ссардтой ТЭК-мӕ хӕстӕг. Цард цавӕрдӕр къоппы, уазалы ныцъцъӕх ис, нӕ зыдта дзурын дӕр. Сывӕллонмӕ кӕд интернаты ӕркастысты, уӕддӕр ын йӕ сабибонты хъизӕмӕрттӕ йе ‘нӕниздзинадыл ныууагътой сӕ фӕд — уыд ын сахъхъат зӕрдӕ, фӕстейӕ зад йӕ размӕцыды дӕр", — зӕгъы скъолайы директор Тедеты Роланд.

Герсанмӕ дыккаг хатт та амонд бахудт 2008 азы хӕсты фӕстӕ — бахауд Хуссар Иры сывӕллӕтӕн ӕххуысы УФ президенты уынаффӕгӕнӕг Татьяна Голиковайы программӕмӕ.

"Герсанӕн йӕ зӕрдӕйыл сарӕзтой операци Бакулевы номыл зӕрдӕйы хирургийы центры ӕмӕ нын ныр сфидар ис. Лӕппуйӕн ис сӕрмагонд хыгъд ӕмӕ йӕм уырдӕм цӕуы ӕххуысы фӕрӕзтӕ, ныридӕгӕн сӕ нымӕц схызт 500 мины онг. Уыдон ын феххуыс уыдзысты скъолайы фӕуды фӕстӕ", — банысан кодта интернаты директор.

Лӕппу йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй "бирӕ уарзын хӕбизджынтӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ, уымӕ гӕсгӕ куы сыстыр уон, уӕд кусдзынӕн хӕринагаразӕгӕй".

Ацы ӕртӕ сывӕллонӕн ма скъола-интернат фӕуды фӕстӕ бар уыдзӕн ам цӕрын ноджы иу азы дӕргъы, фӕлӕ сӕ дарддӕры хъысмӕт у ӕбӕрӕг. Цы фӕуыдзысты, кӕм цӕрдзысты, куыд тых кӕндзысты царды фӕлварӕнтыл иунӕгӕй — ӕрмӕстдӕр Хуыцау йӕ зонӕг. Сидзӕр сывӕллӕтты фатертӕй сифтонг кӕныны фадат республикӕйы нырма нӕй. Ӕрмӕстдӕр интернаты иу рауагъдон райста хӕдзар фӕстаг ӕзты. Ацы уавӕры ныфс ис ӕрмӕстдӕр ӕххуысхъом ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмӕй, кӕцытӕ нӕ ахиздзысты сидзӕр сывӕллӕтты иуварс.

Ног хабӕртты лентӕ
0