Ӕрсидтӕй цы 32 лӕппуйы ӕмбӕхсынц, уыдон номхыгъд ӕрвыст ӕрцӕудзӕн мидхъуыддӕгты министрадмӕ

© Пресс-служба МОУалдзыгон ӕрсидт
Уалдзыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон-медицинон басгӕрст ныридӕгӕн рацыдысты 66 адӕймаджы. Уыдоны мӕйы дӕргъы ӕфсӕддон сусӕгдзинӕдтыл цайдагъ кӕндзысты ахуырадон центры, стӕй райсдзысты ардбахӕрд.

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 60 ӕмбӕстагӕй фылдӕрмӕ ӕрсидтысты ӕфсӕддон службӕмӕ, уыдон ныридӕгӕн рацыдысты медицинон къамис ӕмӕ нымад ӕрцыдысты "бӕзгӕйыл", фехъусын кодтой Sputnik хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Ӕфсӕддон парады репетици Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалдзыгон ӕрсидт РХИ гарзджын тыхты баххӕст кӕндзӕн 130 ӕфсӕддонӕй

Уалдзыгон ӕрсидтмӕ Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой июны райдайӕны. Ӕфсӕддон комиссариаты хыгъдыл ӕдӕппӕт уыд 130 адӕймаджы 18-27 азы кары, кӕцытӕ хъуамӕ баххӕст кодтаиккой республикӕйы Гарзджын тыхты. Ӕрсидтон кампани адарддӕр уыдзӕн июны кӕрӕттӕм.

"Ӕфсӕддон-медицинон басгӕрст ныридӕгӕн рацыдысты 66 адӕймаджы. Ӕфсӕддон службӕйӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй сӕрибар ӕрцыдысты дӕс адӕймаджы. Фӕлӕ уыдон иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ хъуамӕ рацӕуой хоскӕнынад ӕмӕ та стӕй фӕстӕмӕ фӕззыгон ӕрсидты рӕстӕджы рацӕудзысты басгӕрст. Ноджы ма ӕхсӕз адӕймаджы сӕрибар ӕрцыдысты ӕрдӕг азмӕ бинонты уавӕртӕм гӕсгӕ", — загъта пресс-службӕйы кусӕг.

Афтӕ ма ӕфсӕддон ӕрсидтӕй цы 32 ӕвзонг лӕппуйы ӕмбӕхсынц, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕ та ӕрвыст ӕрцӕудзысты мидхъуыддӕгты министрадмӕ.

© Пресс-служба МОУалдзыгон ӕрсидт
Уалдзыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Уалдзыгон ӕрсидт
© Пресс-служба МОУалдзыгон ӕрсидт
2/3
Уалдзыгон ӕрсидт
© Пресс-служба МОУалдзыгон ӕрсидт
3/3
Уалдзыгон ӕрсидт
1/3
Уалдзыгон ӕрсидт
2/3
Уалдзыгон ӕрсидт
3/3
Уалдзыгон ӕрсидт

Ӕрсидты процедурӕтӕ иууылдӕр чи рацыд, уыдоны мӕйы дӕргъы ӕфсӕддон сусӕгдзинӕдтыл цайдагъ кӕндзысты ахуырадон центры. Уый фӕстӕ ӕрсидтонтӕ райсдзысты ардбахӕрд.

Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, службӕ рацӕуыны тыххӕй ӕрсидтонтӕн арӕзт кӕй ис ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ дӕр.
Республикӕйы Гарзджын тыхты ӕфсӕддон службӕ рацӕуыны ӕмгъуыд у иу афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг.

Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхтӕ арӕзт ӕрцыдысты 1990 ӕзты райдайӕны, Гуырдзыстон та радон хатт хӕстон архайдтытӕ куы райдыдта республикӕйы ныхмӕ, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0