Хуссар Иры сабиты иу къорд реабилитаци рацӕудзӕн Алагиры моладзандоны

© Фото из архиваӔхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центр
Ӕхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центры йæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттæ сæ рæстæг арвитынц ныр фондз азы дæргъы æрвыл сæрд дæр.

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Иры сывӕллӕтты иу къорд рацӕудзысты реабилитаци Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны цур æхсин Елизаветайы номыл хосгæнæн центры Алагиры, фехъусын кодтой Sputnik моладзандоны.

Игуменья Нонна Цхинвалы концерты тыххæй: уый у "хæрзиуæджы зиллакк"

Къорд Алагирмӕ ацӕудзӕн 28 июны, йӕ скондмӕ бахастой ахӕм сывӕллӕтты, кӕцытӕн сӕ размӕцыды ис къуыхцыдзинæдтæ. Семӕ хуынд ӕрцыдысты сӕ ныййарджытӕ дӕр. Реабилитацион центры ацы категорийы сабитӕн арæзт цæуы сæрмагонд программæ.

"Рынчын сывæллæтты центрмæ ныццыды агъоммæ Цхинвалы 25-26 июны уӕрӕсейаг психологтæ Татьяна Ратынская æмæ Дмитрий Ермолаев бынаты бакусдзысты сывæллæттæ, сӕ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Афтӕ ма бынӕттон психологтӕн дӕр арæзт ӕрцæудзысы мастер-класстæ", — радзырдта усмоладзан Геогрия (Бестауты).

Ӕхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центры, йæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттæ сæ рæстæг арвитынц ныр фондз азы дæргъы æрвыл сæрд дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0