ПÆК-ы кусджытæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты нæмттæ

© Sputnik / Диана КозаеваАунеуы хъæуы мемориалон комплекс
Аунеуы хъæуы мемориалон комплекс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ПÆК-ы кусджыты къорд среставраци кодта Аунеуы хъæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты цырт. Уæдæй фæстмæмæ ам уагъд цæуынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зæрдыллæууæн бонтæн нывонд мадзæлттæ.

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ.
Хæсты райдианыл 75 азы сæххæсты бон уыдон сæвæрдтой дидинтæ Аунеуы хъæуы мемориалон комплексмæ.

Ведомствӕйы кусджытæ 2008 азы августы хæсты фæстæ сæхæдæг среставраци кодтой ацы цырт, кæцы цалынмæ хъæу Гуырдзыстоны контролы бын уыд, уæдмæ æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Уæдæй фæстæмæ ам æрвылаздæр уагъд цæуынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зæрдыллæууæн бонтæн нывонд мадзæлттæ.

© Sputnik / Диана КозаеваАунеуы хъæуы мемориалон комплекс
Памятник в селе Авнев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аунеуы хъæуы мемориалон комплекс

Хæсты быдыры йæ мæлæт чи ссарда, уыдон рухс нæмттæ ссарынмæ ардæм æрбацыдысты ПÆК-ы къухдариуæгад æмæ кусджытæ. Уыдон æрсидтысты æвзонг фæлтæрмæ, цæмæй сæ зæрдыл дарой ивгъуыд хæст, аргъ кæной сæ бæстæйы историйæн æмæ хъахъхъæной сабырад.

"Æрвылаз дæр нæ кусджытæ æрбацæуынц ацы бынатмæ æмæ ссарынц фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ. Ацы хъæуæй дæр фронтмæ ацыд сæдæ адæймагæй фылдæр. Сæ фылдæр нал æрыздæхдысты сæ райгуырæн бæстæмæ. Мах нæ хъус дарæм ацы цыртмæ, æрбацæуæм нæ бинонтимӕ, нæ сывæллæттимæ, кæцытæ нын æххуыс кӕнынц территори æфснайынмӕ", — загъта ПÆК-ы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Александр Смирнов.

Мадзалмæ цы журналисттæ æрбацыд, уыдон баййæфтой ПÆК-ы минӕвӕртты куысты уæлхъус — уыдон карстой кæрдæг, æфснайдтой цырты территори. Фæстæдæр ам ныссадздзысты дидинджытæ, бæлæстæ, сараздзысты рухсытæ.

© Sputnik / Диана КозаеваӔрвылаз ацы бынаты уагъд ӕрцӕуынц, хӕсты быдыры чи баззад, уыцы хъайтарты номарӕн цытджын мадзӕлттӕ
Мемориальная доска с именами погибших солдат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрвылаз ацы бынаты уагъд ӕрцӕуынц, хӕсты быдыры чи баззад, уыцы хъайтарты номарӕн цытджын мадзӕлттӕ

Офицерты фидарæй уырны, куыд республикæйы территорийыл иннæ сæдæ цыртытæ, афтæ ацы цырт дæр кæй хъуамæ лæууын кæна ныры фæлтæрты дæр æмæ суинаг фæлтæрты зæрдыл дæр — чи тох кодта фашизмимæ æмæ чи æрхаста уæлахиз.

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты инициативон къорд 2011 азы среставраци кодта цырт. Фарон та цырт бӕстонӕй реконструкци ӕрцыд, ногӕй йыл ныффыстой, ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕй хӕстӕй цы 57 адӕймаджы нал ӕрыздӕхт, уыдон нӕмттӕ.

ПӔК офицертæ сæвæрдтой ног къулдуар Аунеуы мемориалы раз

Ивгъуыд азы сентябры мӕйы вандалтӕ ныппырх кодтой мемориалон комплекс — ахастӕуыд ӕмбонды иу хай ӕмӕ йӕ кӕрты дуӕрттӕ. ПӔК-ы минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ сцалцӕг кодтой цыртдзӕвӕн, комплексы алыварс сарӕзтой ӕмбонд. Йӕ саразын бантыст, бархийӕ адӕм цы финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой, уыцы хӕрдзтӕй.

Ӕрвылаз ацы бынаты уагъд ӕрцӕуынц, хӕсты быдыры чи баззад, уыцы хъайтарты номарӕн цытджын мадзӕлттӕ.

Мемориалон комплекс баконд ӕрцыд 1980 азы. Скульптурӕйы автор у Мугуты хъӕуы цӕрӕг Чилӕхсаты Владимир. Цырт ныппырх кодтой 1991-2008 ӕзты, ацы хъӕу Гуырдзыстоны дӕлбар куы баци, уыцы рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0