ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстон не ‘вæры фарст республикæйы территорийыл уæрæсейаг контингент фæфылдæр кæныны тыххæй, фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид йæ интервьюйы Sputnik Хуссар Ирыстон æмæ РИА Новости.
"Республикæйы территоийыл æфсæддон базæйы уæвынады темæ актуалон у. Ӕфсӕддонты нымæц фæфылдæр кæныны тыххæй та мæ фæнды зæгъын уый, æмæ нæм абон цы контингент ис, уый у сæ разы æвæрд хæстæ æххæст кæнынхъом, уымæ гæсгæ æфсæддонты нымæц фæфылдæр кæныны фæдыл фарст нæ лæууы нæ разы", — банысан кодта Тыбылты Леонид.
Уый бафтыдта, РХИ-ы уæвæг æфсæддон базæтæ кæй сты ифтонг æмбæлон техникæйæ республикæ бахъахъхъæныны тыххæй.
Президент ма банысан кодта, Интеграци æмæ æмцæдисады фæдыл бадзырдмæ гæсгæ "кæй райдайдзæн РХИ Гарзджын тыхты æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгæрзты модернизацийы процесс, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 58 Æфсады æмвæзады онг".